Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 15:26
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 26 Загъта сын: «Кӕд уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ лӕмбынӕг хъусат ӕмӕ, йӕ цӕсты раст цы у, уый аразат, кӕд ын йӕ фӕдзӕхстытӕм уӕ хъус дарат ӕмӕ йе ’ппӕт уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрат+, уӕд, египетӕгтыл цы бӕллӕхтӕ* ӕруагътон, уыдонӕй уыл иу дӕр не ’руадздзынӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, чи уӕ дзӕбӕх кӕны, уыцы Хуыцау»+.

  • Дыккаг закъон 7:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Йегъовӕ уӕм иу низ дӕр хӕстӕг не ’рбауадздзӕн. Египеты цы фыднизтӕ зыдтат, уыдонӕй уыл иу дӕр нӕ бафтаудзӕн+, фӕлӕ сӕ бафтаудзӕн, сымахӕй йе сӕфт чидӕриддӕр уына, уыдоныл.

  • Псалом 41:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  3 Рынчын куы уа, уӕд ын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн+.

      Рынчынӕй йӕ ды фидар кӕндзынӕ+.

  • Псалом 147:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    •  3 Уый дзӕбӕх кӕны+, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны+,

      Бӕтты сын сӕ хъӕдгӕмттӕ+.

  • Исай 33:24
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 24 Ӕмӕ уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: «Ӕз рынчын дӕн»+. Уыцы зӕххыл чи цӕра, уыцы адӕмӕн сӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн+.

  • Йереми 17:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 О Йегъовӕ, сдзӕбӕх мӕ кӕн, ӕмӕ сдзӕбӕх уыдзынӕн+. Фервӕзын мӕ кӕн, ӕмӕ фервӕздзынӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕз кадджын кӕнын дӕу+.

  • Иаковы 5:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Ӕмӕ уырнындзинадӕй райгуыргӕ куывды фӕрцы рынчын сдзӕбӕх уыдзӕн+, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн+. Ӕмӕ кӕд исты тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕд ын уыдон дӕр хатыргонд ӕрцӕудзысты+.

  • Раргомад 21:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ+, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт+, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст+. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын