Псалом 119:81 Библи – Ног дунейы тӕлмац 81 Мӕ уд сфӕлмӕцыд, кӕд мӕ фервӕзын кӕндзынӕ, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ+.Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ ныхасмӕ+. Псалом 130:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Мӕн ныфс ис де ’ххуысӕй, о Йегъовӕ, мӕн ныфс ис+,Ӕмӕ ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ ныхасмӕ+.