Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Тӕрхонгӕнджыты 6:31
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 Иоас+ уый куы фехъуыста, уӕд, йӕ ныхмӕ чи сӕмбырд, уыдонӕн загъта+: «Ваалы сӕрыл сымах хъуамӕ дзурат? Сымах ирвӕзын кӕнинаг фӕци? Йӕ сӕрыл чидӕриддӕр дзуры, уыдон тӕккӕ ацы райсом хъуамӕ мард ӕрцӕуой+. Кӕд Хуыцау у+, уӕд йӕхӕдӕг дзурӕд йӕхи сӕрыл+, уымӕн ӕмӕ йын чидӕр йӕ нывондхӕссӕн ныппырх кодта».

  • 1 Самуилы 24:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Йегъовӕ нын уыдзӕн тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ равзардзӕн, нӕ дыууӕйӕ зылын чи у, уый. Уый мын ӕркӕсдзӕн мӕ хъуыддагмӕ+ ӕмӕ мӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, ӕмӕ мӕ дӕ къухӕй фервӕзын кӕндзӕн».

  • Псалом 35:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 35 О Йегъовӕ, мӕ хъуыддаг мын дӕхимӕ райс ӕмӕ, мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонмӕ ӕркӕс+.

      Тох кӕн, мемӕ чи тох кӕны, уыдонимӕ+.

  • Псалом 43:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 43 Тӕрхон мын кӕн+, о Хуыцау,

      Мӕ хъуыддаг мын дӕхимӕ райс+ ӕмӕ, мӕнгард чи у, уыцы адӕммӕ ӕркӕс.

      Фӕлитой чи у ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймагӕй мӕ фервӕзын кӕн+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 22:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг сӕ сӕрыл рахӕцдзӕн+ ӕмӕ сӕ чи стигъы, уыдонӕн сӕ цард* байсдзӕн+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 23:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕлхӕнӕг тыхджын у, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг рахӕцдзӕн сӕ сӕрыл, хъаст дыл куы кӕной, уӕд+.

  • Йереми 50:34
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 34 Фӕлӕ сӕ Ӕлхӕнӕг тыхджын у+, йӕ ном у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+. Уый сын сӕ хъуыддаг равзардзӕн+ ӕмӕ сын сӕ зӕххӕн ӕнцойдзинад ратдзӕн+, Вавилоны цӕрджыты та катайы бафтаудзӕн»+.

  • Йеремийы хъарӕг 3:59
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 59 Цытӕ мын бавзарын кодтой, уый федтай, о Йегъовӕ+. Ӕмӕ мын мӕ хъуыддаг равзар+.

  • Михей 7:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Ӕз Йегъовӕйы мастӕн быхсдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ разы тӕригъӕд ракодтон+ – быхсдзынӕн, цалынмӕ мын мӕ хъуыддаг нӕ равзара ӕмӕ мын раст тӕрхон нӕ рахӕсса, уӕдмӕ+. Уый мӕ рухсмӕ ракӕндзӕн, ӕмӕ йын ӕз йӕ рӕстдзинад фендзынӕн+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын