Рацыд 14:21 Библи – Ног дунейы тӕлмац 21 Гъемӕ Моисей йӕ къух денджызмӕ адардта+, ӕмӕ Йегъовӕ скӕсӕнӕй тыхджын дымгӕ рауагъта ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв денджызы дон тардта. Ӕмӕ дон дыууӕ дихы фӕци+ ӕмӕ денджызӕн йӕ бын бахус+. Йесо Навин 2:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Йегъовӕ уӕ Египетӕй куы ракодта, уӕд уын уӕ разы Сырх денджызы дӕттӕ куыд бахус кодта+, стӕй Иорданы фаллаг фарс аморейты дыууӕ паддзахӕн, Сигон+ ӕмӕ Огӕн+, цытӕ бакодтат, уый дӕр – сӕфты хай сӕ кӕй бакодтат+. Нееми 9:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Сӕ разы сын денджыз адих кодтай+, ӕмӕ уыдон денджызы астӕуты сур зӕххыл ахызтысты+. Фӕстейӕ сӕ чи сырдта, уыдоны та денджызы арфмӕ нысхуыстай+, дур+ абухгӕ дӕтты+ куыд нысхойынц, афтӕ. Псалом 78:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 Адих кодта денджыз, цӕмӕй йыл ахызтаиккой+,Дӕттӕ къултау слӕууын кодта+. Псалом 106:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Уый тыххӕй Сырх денджызӕн бауайдзӕф кодта, ӕмӕ денджыз бахус+,Ӕмӕ сӕ арф дӕттыл ахизын кодта, цыма ӕдзӕрӕг быдырыл цыдысты, афтӕ+.
21 Гъемӕ Моисей йӕ къух денджызмӕ адардта+, ӕмӕ Йегъовӕ скӕсӕнӕй тыхджын дымгӕ рауагъта ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв денджызы дон тардта. Ӕмӕ дон дыууӕ дихы фӕци+ ӕмӕ денджызӕн йӕ бын бахус+.
10 уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Йегъовӕ уӕ Египетӕй куы ракодта, уӕд уын уӕ разы Сырх денджызы дӕттӕ куыд бахус кодта+, стӕй Иорданы фаллаг фарс аморейты дыууӕ паддзахӕн, Сигон+ ӕмӕ Огӕн+, цытӕ бакодтат, уый дӕр – сӕфты хай сӕ кӕй бакодтат+.
11 Сӕ разы сын денджыз адих кодтай+, ӕмӕ уыдон денджызы астӕуты сур зӕххыл ахызтысты+. Фӕстейӕ сӕ чи сырдта, уыдоны та денджызы арфмӕ нысхуыстай+, дур+ абухгӕ дӕтты+ куыд нысхойынц, афтӕ.
9 Уый тыххӕй Сырх денджызӕн бауайдзӕф кодта, ӕмӕ денджыз бахус+,Ӕмӕ сӕ арф дӕттыл ахизын кодта, цыма ӕдзӕрӕг быдырыл цыдысты, афтӕ+.