Псалом 18:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Зын сахат ӕз дзынӕзтон Йегъовӕмӕ,Ӕххуыс куырдтон мӕ Хуыцауӕй+.Уый мын йӕ кувӕндонӕй фехъуыста мӕ хъӕлӕс+,Фехъуыст ӕм мӕ дзыназын+. Ионӕ 2:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Мӕ уд удыл куы нал хӕцыд+, уӕд Йегъовӕйы ӕрхъуыды кодтон+.Ӕмӕ дӕм мӕ куывд дӕ рухс кувӕндонмӕ фӕхӕццӕ+. Марчы 15:34 Библи – Ног дунейы тӕлмац 34 Фарӕстӕм сахатыл Йесо хъӕрӕй сдзынӕзта: «Ели, Ели, лама савахфани?», ома, «мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?»+ Дзуттӕгтӕм 5:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Чырысти зӕххыл куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ+ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта+, мӕлӕтӕй йӕ бахизын кӕй бон уыди, Уымӕн, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, Хуыцауы тас+ ӕм кӕй уыд, уый тыххӕй.
6 Зын сахат ӕз дзынӕзтон Йегъовӕмӕ,Ӕххуыс куырдтон мӕ Хуыцауӕй+.Уый мын йӕ кувӕндонӕй фехъуыста мӕ хъӕлӕс+,Фехъуыст ӕм мӕ дзыназын+.
7 Мӕ уд удыл куы нал хӕцыд+, уӕд Йегъовӕйы ӕрхъуыды кодтон+.Ӕмӕ дӕм мӕ куывд дӕ рухс кувӕндонмӕ фӕхӕццӕ+.
34 Фарӕстӕм сахатыл Йесо хъӕрӕй сдзынӕзта: «Ели, Ели, лама савахфани?», ома, «мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?»+
7 Чырысти зӕххыл куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ+ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта+, мӕлӕтӕй йӕ бахизын кӕй бон уыди, Уымӕн, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, Хуыцауы тас+ ӕм кӕй уыд, уый тыххӕй.