Райдиан 4:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: «Уый цы бакуыстай? Хъусыс? Де ’фсымӕры туг мӕм зӕххӕй дзыназы+. Райдиан 9:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Адӕймаджы туг чи ныккала, уымӕн йӕхи туг дӕр ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста. Псалом 55:23 Библи – Ног дунейы тӕлмац 23 Уыдоны та, о Хуыцау, ды ныххизын кӕндзынӕ арф ингӕнмӕ+.Ӕнаххос туг чи калы ӕмӕ фӕлитой чи у, уыдон сӕ царды бонтӕн се ’мбис дӕр нӕ фӕцӕрдзысты+.Ӕз та мӕ зӕрдӕ дардзынӕн дӕуыл+. Исай 26:21 Библи – Ног дунейы тӕлмац 21 Мӕнӕ, Йегъовӕ йӕ бынатӕй рацӕуы, цӕмӕй зӕххы цӕрджытӕй дзуапп ӕрдома, йӕ разы цы тӕригъӕд ракодтой, уый тыххӕй+. Ӕмӕ зӕхх раргом кӕндзӕн, цы туг ыл ныккалд, уый+, йӕ мӕрдты нал ӕмбӕхсдзӕн»+.
6 Адӕймаджы туг чи ныккала, уымӕн йӕхи туг дӕр ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста.
23 Уыдоны та, о Хуыцау, ды ныххизын кӕндзынӕ арф ингӕнмӕ+.Ӕнаххос туг чи калы ӕмӕ фӕлитой чи у, уыдон сӕ царды бонтӕн се ’мбис дӕр нӕ фӕцӕрдзысты+.Ӕз та мӕ зӕрдӕ дардзынӕн дӕуыл+.
21 Мӕнӕ, Йегъовӕ йӕ бынатӕй рацӕуы, цӕмӕй зӕххы цӕрджытӕй дзуапп ӕрдома, йӕ разы цы тӕригъӕд ракодтой, уый тыххӕй+. Ӕмӕ зӕхх раргом кӕндзӕн, цы туг ыл ныккалд, уый+, йӕ мӕрдты нал ӕмбӕхсдзӕн»+.