Псалом 141:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 О Йегъовӕ, ме ’взагӕн мын сӕвӕр хъахъхъӕнӕг+,Мӕ дзыхӕн мын сӕвӕр дуаргӕс+. Ӕмбисӕндтӕ 10:19 Библи – Ног дунейы тӕлмац 19 Бирӕ чи дзуры, уымӕн ӕнӕфӕрӕдийгӕ нӕй+, йе ’взаджы рохтыл чи хӕцы, уый та у ӕмбаргӕ адӕймаг+. Ӕмбисӕндтӕ 12:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 Ӕвзӕр адӕймаг йӕ дзыхы тыххӕй къӕппӕджы бахауы+, рӕстгӕнӕг та бӕллӕхӕй фервӕзы+. Ӕмбисӕндтӕ 13:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый йӕ уд хъахъхъӕны+. Йӕ дзыхы чи ницы уромы, уый та фесӕфдзӕн+. Екклесиаст 10:20 Библи – Ног дунейы тӕлмац 20 Дӕ уаты куы уай, уӕд дӕр паддзахы ма ралгъит+, ӕмӕ дӕ мидӕггаг уаты дӕр, кӕм фӕхуыссыс, уым, ма ралгъит хъӕздыг лӕджы+. Уӕларвон маргъ дын ахӕсдзӕн дӕ ныхас, базыртӕ кӕмӕн ис, уый дын дӕ ныхӕстӕ радзурдзӕн+.
20 Дӕ уаты куы уай, уӕд дӕр паддзахы ма ралгъит+, ӕмӕ дӕ мидӕггаг уаты дӕр, кӕм фӕхуыссыс, уым, ма ралгъит хъӕздыг лӕджы+. Уӕларвон маргъ дын ахӕсдзӕн дӕ ныхас, базыртӕ кӕмӕн ис, уый дын дӕ ныхӕстӕ радзурдзӕн+.