1 Самуилы 15:22 Библи – Ног дунейы тӕлмац 22 Уӕд Самуил загъта: «Ӕмӕ Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ ӕхсызгондӕр сты ӕви, Йегъовӕйы ныхасмӕ хъусай, уый? Коммӕ кӕсын+ нывондӕй+ хуыздӕр у, ӕмӕ хъусын – фырыты фиуӕй+. Ӕмбисӕндтӕ 15:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Фыдгӕнджыты нывӕндтӕ Йегъовӕйӕн ӕнад сты+, рӕстзӕрдӕ адӕмы куывдтытӕ та йын сты ӕхсызгон+. Исай 1:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 «Цы пайда мын сты уӕ бирӕ нывӕндтӕ? – зӕгъы Йегъовӕ.– Судзгӕ кӕй бакӕнут+, уыцы фырытӕй+ ӕмӕ хӕрзхаст фосы фиуӕй+ мӕ хъуырмӕ дӕн. Уӕ уӕнгуыты, уӕ нӕл уӕрыччыты ӕмӕ уӕ нӕл сӕгъты+ тугӕй+ мӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕны+. Йереми 6:20 Библи – Ног дунейы тӕлмац 20 «Савӕйӕ+ урс буд кӕй ласыс ӕмӕ дард бӕстӕй – хӕрздӕф хъӕз, уый мӕ истӕмӕн хъӕуы? Уӕ судзинаг нывӕндтӕ мын ӕхсызгон не сты+, уӕ нывӕндтӕй мӕ зӕрдӕ ӕппындӕр нӕ рухс кӕны»+.
22 Уӕд Самуил загъта: «Ӕмӕ Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ ӕхсызгондӕр сты ӕви, Йегъовӕйы ныхасмӕ хъусай, уый? Коммӕ кӕсын+ нывондӕй+ хуыздӕр у, ӕмӕ хъусын – фырыты фиуӕй+.
11 «Цы пайда мын сты уӕ бирӕ нывӕндтӕ? – зӕгъы Йегъовӕ.– Судзгӕ кӕй бакӕнут+, уыцы фырытӕй+ ӕмӕ хӕрзхаст фосы фиуӕй+ мӕ хъуырмӕ дӕн. Уӕ уӕнгуыты, уӕ нӕл уӕрыччыты ӕмӕ уӕ нӕл сӕгъты+ тугӕй+ мӕ зӕрдӕ нӕ рухс кӕны+.
20 «Савӕйӕ+ урс буд кӕй ласыс ӕмӕ дард бӕстӕй – хӕрздӕф хъӕз, уый мӕ истӕмӕн хъӕуы? Уӕ судзинаг нывӕндтӕ мын ӕхсызгон не сты+, уӕ нывӕндтӕй мӕ зӕрдӕ ӕппындӕр нӕ рухс кӕны»+.