Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Самуилы 23:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Давид Йегъовӕйы бафарста+: «Ацӕуон? Ныццӕгъддзынӕн уыцы филистимӕгты?» Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ацу, ныццӕгъддзынӕ сӕ ӕмӕ Кеилы цӕрджыты фервӕзын кӕндзынӕ».

  • 1 Самуилы 23:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Давид та Йегъовӕйы ногӕй бафарста+. Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Сыст ӕмӕ ныццу Кеилмӕ, уымӕн ӕмӕ дын ӕз филистимӕгты дӕ къухмӕ дӕттын»+.

  • 1 Азфыстыты 28:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Ӕмӕ ды дӕр, мӕ фырт Соломон, зон+ дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ йын лӕггад кӕн+ зӕрдӕрайгӕйӕ+, дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр+ ӕмӕ адӕймагӕн йӕ алы хъуыды ӕмӕ йӕ алы фӕнд дӕр базоны+. Куы йӕ агурай, уӕд ӕй ссардзынӕ*+. Куы йӕ ныууадзай+, уӕд та дӕ йӕхицӕй ӕнустӕм аппардзӕн+.

  • Нееми 1:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 О Йегъовӕ, курын дӕ, фехъуысӕд дӕм дӕ цагъары куывд ӕмӕ дӕ цагъарты куывд+, дӕ номӕй+ тӕрсын цины хос кӕмӕн у, уыдоны куывд. Курын дӕ, абон дӕ цагъарӕн раарфӕ кӕн+ ӕмӕ ацы адӕймаджы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕн, цӕмӕй мын фӕтӕригъӕд кӕна»+.

      Уыцы рӕстӕг ӕз уыдтӕн паддзахы сӕндар+.

  • Филиппӕгтӕм 4:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Мӕт мацӕуыл кӕнут+, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут+, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый+.

  • Колоссӕгтӕм 3:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Ӕмӕ цыфӕнды ма дзурат ӕмӕ цыфӕнды ма аразат+,– ӕппӕт дӕр аразут нӕ Хицау Йесойы номыл+, ӕмӕ уый номӕй алцӕй тыххӕй дӕр арфӕ кӕнут+ Хуыцауӕн, нӕ Фыдӕн.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын