8 Нывондӕн куырм фос ӕрхӕссут ӕмӕ фӕзӕгъут: „Уым ӕвзӕрӕй ницы ис“. Къуылых кӕнӕ рынчын фос ӕрхӕссут ӕмӕ фӕзӕгъут: „Уым ӕвзӕрӕй ницы ис“»+.
«Ахӕм фос-ма дӕ хицауӕн балӕвар кӕн. Цымӕ дӕ райгондӕй баззайдзӕн ӕмӕ дӕм хорз цӕстӕй ракӕсдзӕн?» – зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.