Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 15:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл, уӕ горӕттӕй искӕцыйы де ’фсымӕртӕй исчи куы смӕгуыр уа, уӕд-иу дӕ зӕрдӕ ма ныддур кӕн ӕмӕ-иу дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры раз чъынды ма разын*+.

  • Псалом 41:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 41 Амондджын у, мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны, уыцы адӕймаг+.

      Бӕллӕхы бон ӕй Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 14:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Иннӕты чи ницӕмӕ дары, уый тӕригъӕд аразы+, фӕлӕ ӕфхӕрд адӕмӕн хорзы чи цӕуы, уый амондджын у+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 19:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн+, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 22:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Цӕстуарзон адӕймаг уыдзӕн арфӕгонд, уымӕн ӕмӕ йӕ къӕбӕрӕй мӕгуырӕн хай кӕны+.

  • Исай 58:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Уый тыххӕй нӕу, цӕмӕй-иу дӕ къӕбӕрӕй ӕххормаг адӕймагӕн бахай кӕнай+, дӕ хӕдзармӕ-иу ӕфхӕрд ӕмӕ ӕнӕхӕдзар адӕмы ӕрбакӕнай?+ Уый тыххӕй нӕу, цӕмӕй, бӕгънӕг адӕймаджы куы фенай, уӕд-иу ын уӕлӕдарӕс раттай+ ӕмӕ, дӕ туг, де стӕг чи у, уыдонӕй дӕхи ма ӕмбӕхсай?+

  • 2 Коринфӕгтӕм 9:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Уый тыххӕй уын афтӕ зӕгъдзынӕн: чъынды+ тауӕгӕн йӕ тыллӕг дӕр уыдзӕн гыццыл, рӕдау+ тауӕг та сисдзӕн стыр тыллӕг.

  • Дзуттӕгтӕм 13:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Ма рох кӕнут хорздзинад аразын+ ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын