Есфир 6:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Аман мидӕмӕ куы бацыд, уӕд ӕй паддзах бафарста: «Паддзахы искӕмӕн скад кӕнын куы бафӕнда, уӕд уыцы адӕймагӕн цы хъуамӕ сараза?»+ Аман ахъуыды кодта: «Мӕн йеддӕмӕ ма кӕмӕн хъуамӕ скад кӕна паддзах?»+ Ӕмбисӕндтӕ 18:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Адӕймаджы зӕрдӕ куы схъал вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт+, сӕрныллӕгдзинад та цӕуы кады разӕй+. Лукайы 18:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Зӕгъын уын: ацы лӕг сӕхимӕ иннӕмӕй рӕстагдӕрӕй+ ацыд. Уымӕн ӕмӕ, йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн»+. Иаковы 4:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Фӕлӕ нын Хуыцау цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый уымӕй стырдӕр у+. Фыстад афтӕ дӕр уымӕн зӕгъы: «Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн+ сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй»+.
6 Аман мидӕмӕ куы бацыд, уӕд ӕй паддзах бафарста: «Паддзахы искӕмӕн скад кӕнын куы бафӕнда, уӕд уыцы адӕймагӕн цы хъуамӕ сараза?»+ Аман ахъуыды кодта: «Мӕн йеддӕмӕ ма кӕмӕн хъуамӕ скад кӕна паддзах?»+
14 Зӕгъын уын: ацы лӕг сӕхимӕ иннӕмӕй рӕстагдӕрӕй+ ацыд. Уымӕн ӕмӕ, йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн»+.
6 Фӕлӕ нын Хуыцау цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый уымӕй стырдӕр у+. Фыстад афтӕ дӕр уымӕн зӕгъы: «Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн+ сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй»+.