Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 19:36
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 36 Уӕ уӕзбарӕнтӕ+, уӕ барӕн дуртӕ, уӕ ефӕ ӕмӕ уӕ гин* уӕнт раст. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, Египеты зӕххӕй уӕ чи ракодта, уый.

  • Дыккаг закъон 25:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Дӕ уӕзбарӕн хъуамӕ уа раст ӕмӕ ма сайа. Дӕ барӕн мигӕнӕн дӕр хъуамӕ уа раст ӕмӕ ма сайа, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрай, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 20:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Дыууӕ хуызы уӕзбарӕнтӕ ӕмӕ дыууӕ хуызы барӕн мигӕнӕнтӕ+ – иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр Йегъовӕйы цӕсты ӕлгъаг сты+.

  • Йезекил 45:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Уӕ уӕзбарӕнтӕ, уӕ ефӕ* ӕмӕ уӕ бат* хъуамӕ уой раст+.

  • Амос 8:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Сымах дзурут: „Ногмӕй кӕд фӕуыдзӕн+, цӕмӕй та хор уӕй кӕнӕм?+ Кӕд фӕуыдзӕн сабат+, цӕмӕй мӕнӕуӕй ӕхца кусӕм, цӕмӕй барӕн фӕкъаддӕр кӕнӕм+, аргъыл та бафтауӕм ӕмӕ, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕн къустӕй сайӕм+,

  • Михей 6:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Цымӕ ма фыдгӕнӕджы хӕдзары, фыдхъуыддӕгты фӕрцы кӕй ӕрӕмбырд кодта, ахӕм хӕзнатӕ ис?+ Ис ма дзы, кӕй фӕкъаддӕр кодта ӕмӕ йӕхи ӕлгъыстаг кӕй тыххӕй кӕны, ахӕм ефӕ?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын