Ӕмбисӕндтӕ 14:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 Худгӕйӕ дӕр зӕрдӕ фӕриссы+, ӕмӕ цин мастмӕ дӕр асайы+. Исай 5:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Сӕ куывдты хъуысы дыууадӕстӕнон фӕндыр ӕмӕ хъисфӕндыры цагъд, дала ӕмӕ уадындзы цагъд, стӕй дзы сӕн дӕр ӕрӕвӕрынц+. Фӕлӕ Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕм та нӕ кӕсынц, нӕ йын уынынц йӕ къухты фыдӕбон+. Матфейы 5:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Амондджын сты, хъыг чи кӕны, уыдон, уымӕн ӕмӕ удӕнцой ссардзысты+. Иаковы 4:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Хъыг кӕнут, кӕут ӕмӕ дзыназут+. Уӕ худын раивут кӕуынӕй, уӕ цин – мастӕй+. 1 Петры 4:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 Фаг уын у, раздӕр+ ацы дунейы адӕмы+ зондмӕ гӕсгӕ кӕй цардыстут, уый: хӕлд митӕ*+ кодтат, уе ’нӕфсарм монцты фӕдыл цыдыстут, нозтӕй бӕрц нӕ зыдтат+, ӕнӕуаг цӕл-минас кодтат, фыднозт кодтат ӕмӕ кодтат нӕфӕтчиаг хъуыддаг – мӕнгхуыцӕуттӕн куывтат+.
12 Сӕ куывдты хъуысы дыууадӕстӕнон фӕндыр ӕмӕ хъисфӕндыры цагъд, дала ӕмӕ уадындзы цагъд, стӕй дзы сӕн дӕр ӕрӕвӕрынц+. Фӕлӕ Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕм та нӕ кӕсынц, нӕ йын уынынц йӕ къухты фыдӕбон+.
3 Фаг уын у, раздӕр+ ацы дунейы адӕмы+ зондмӕ гӕсгӕ кӕй цардыстут, уый: хӕлд митӕ*+ кодтат, уе ’нӕфсарм монцты фӕдыл цыдыстут, нозтӕй бӕрц нӕ зыдтат+, ӕнӕуаг цӕл-минас кодтат, фыднозт кодтат ӕмӕ кодтат нӕфӕтчиаг хъуыддаг – мӕнгхуыцӕуттӕн куывтат+.