Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Райдиан 8:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Ӕмӕ Йегъовӕмӕ схӕццӕ нывӕндты тӕф ӕмӕ йын уыди ӕхсызгон+, ӕмӕ Йегъовӕ йӕхицӕн загъта+: «Ӕз зӕхх+ адӕймаджы тыххӕй никуыуал ралгъитдзынӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ* здӕхт+ у ӕвзӕрдзинадмӕ+. Ныр куыд бакодтон, афтӕ никуыуал бакӕндзынӕн – зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты никуыуал фесафдзынӕн+.

  • 1 Паддзӕхты 22:43
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 43 Иосафат цыди йӕ фыд Асӕйы фӕндӕгтыл ӕмӕ сӕ иуварс нӕ ахызт – арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+. Ӕрмӕст ма кувӕн бынӕттӕ баззадысты. Адӕм дарддӕр дӕр кувӕн бынӕтты нывӕндтӕ хастой ӕмӕ-иу нывӕндты фӕздӕг уым суагътой+.

  • Екклесиаст 4:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Ӕмӕ та ахъуыды кодтон, зӕгъгӕ, акӕсон, хуры бын адӕм цы ’фхӕрд ӕййафынц, уымӕ+, ӕмӕ федтон ӕфхӕрд адӕмы цӕссыгтӕ+, ныфсытӕ сын чи бавӕрдтаид, уый та нӕ уыд+. Бартӕ уыдысты се ’фхӕрджыты къухы, ӕмӕ сын ныфсытӕ чи бавӕрдтаид, уый нӕ уыд.

  • Данел 2:44
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 44 Уыцы паддзӕхты рӕстӕг+ уӕларвон Хуыцау+ сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн+, ахӕм паддзахад+. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн+. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр+, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм+,

  • Ромӕгтӕм 8:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон баисты ницӕйаг царды хай+, сӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ сӕ ахӕм царды хай чи бакодта, уый фӕндӕй. Уыцы царды хай та сӕ бакодта ахӕм ныфсимӕ+:

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын