Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 12:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Уыдон хӕрдзыстут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз, уӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынаты+: уӕхӕдӕг дӕр, уӕ фырттӕ дӕр, уӕ чызджытӕ дӕр, уӕ цагъар-нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ уӕ цагъар-сылгоймӕгтӕ дӕр, стӕй, уӕ горӕты чи цӕры, уыцы левиттӕ дӕр. Ӕмӕ хъуамӕ цин кӕнат+ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз уӕ алы хъуыддагыл дӕр.

  • Дыккаг закъон 20:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Кӕнӕ сӕнӕфсирдон чи скодта ӕмӕ дзы тыллӕг чи нӕма систа? Уый дӕр фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхӕд, кӕннод хӕсты куы фӕмард уа, уӕд дзы ӕндӕр исчи сисдзӕн тыллӕг+.

  • Екклесиаст 3:22
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 22 Ӕмӕ ӕз федтон, адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ йӕ фыдӕбоныл цин кӕна+, уымӕн ӕмӕ уый у йӕ лӕвар. Йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уый ма йын чи фенын кӕндзӕн?+

  • Екклесиаст 5:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Царды уымӕй хуыздӕр, уымӕй рӕсугъддӕр ницы федтон, адӕймаг куы хӕра ӕмӕ куы нуаза ӕмӕ йын ӕцӕг Хуыцау кӕй радта, уыцы царды бонты хуры бын цы уӕззау фыдӕбон кӕны, уымӕй хорзӕй исты куы уына+. Уый йын у лӕвар.

  • Екклесиаст 8:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Ӕмӕ ӕз раппӕлыдтӕн циндзинадӕй+, уымӕн ӕмӕ хуры бын адӕмӕн уымӕй хуыздӕр ницы ис, цӕмӕй хӕрой ӕмӕ нуазой ӕмӕ цин кӕной. Ӕмӕ сын ӕцӕг Хуыцау хуры бын кӕй радта+, уыцы царды бонты фыдӕбон кӕнгӕйӕ циндзинад хъуамӕ уа се ’мбал+.

  • Хъуыддӕгтӕ 14:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 фӕлӕ уын уӕддӕр йӕхи ӕргом кодта, йӕ хорздзинӕдтӕй+ уӕ цух кӕй нӕ уагъта, уымӕй: лӕвӕрдта уын къӕвдатӕ+ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта уын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын