Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 20:5
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 5 Сӕ разы дӕ зонгуытыл ма лӕуу ӕмӕ сын ма кув+, уымӕн ӕмӕ ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уай иузӕрдион*+. Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй ӕз бафхӕрын сӕ фыртты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг+.

  • Дыккаг закъон 5:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Сӕ разы дӕ зонгуытыл ма лӕуу ӕмӕ сын ма кув+, уымӕн ӕмӕ ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уай иузӕрдион*+. Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй ӕз бафхӕрын сӕ фыртты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг+.

  • Тӕрхонгӕнджыты 2:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Фӕлӕ-иу тӕрхонгӕнӕг куы амард, уӕд та-иу сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм аздӕхтысты ӕмӕ-иу сӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фесты, адзӕгъӕл-иу сты ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл, куывтой сын ӕмӕ сӕ разы сӕ зонгуытыл лӕууыдысты+. Нӕ ныууагътой сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ хивӕнд митӕ+.

  • 2 Азфыстыты 25:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Фӕлӕ Амаси едомӕгты куы ныппырх кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ’рыздӕхт, уӕд йемӕ ӕрхаста Сеиры фыртты хуыцӕутты+ ӕмӕ сӕ йӕхицӕн сӕвӕрдта, адон мӕ хуыцӕуттӕ уыдзысты+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын райдыдта кувын, сӕ разы йӕ зонгуытыл лӕууыд+ ӕмӕ сын нывӕндты фӕздӕг уагъта+.

  • Аввакум 2:19
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 19 Додой йӕ къона, хъӕды лыггагӕн афтӕ чи зӕгъы: „Райхъал у!“ ӕмӕ ӕгомыг дурӕн афтӕ чи дзуры: „Райхъал у! Зонд нын бацамон!“+ Сызгъӕринӕй ӕмӕ йыл ӕвзистӕй цъар сӕвӕрдтой+, фӕлӕ дзы царды улӕфт нӕй+.

  • Раргомад 9:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Уыцы бӕллӕхтӕй чи нӕ амард, уыцы адӕм та сӕ митыл не ’рфӕсмон кодтой+ ӕмӕ нӕ ныууагътой хӕйрӕджытӕн кувын+ ӕмӕ сӕхи къухӕй конд мӕнгхуыцӕуттӕн табу кӕнын – нӕдӕр уынгӕ, нӕдӕр хъусгӕ, нӕдӕр цӕугӕ чи кӕны+, уыцы сызгъӕрин, ӕвзист+, ӕрхуы, дур ӕмӕ хъӕдӕй арӕзт мӕнгхуыцӕуттӕн.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын