Дыккаг закъон 16:19 Библи – Ног дунейы тӕлмац 19 Рӕстдзинад ма зыгъуыммӕ кӕн+. Макӕй хъулон кӕн+ ӕмӕ гӕртӕмттӕ ма ис – гӕртам зондджын адӕймаджы дӕр бакуырм кӕны+ ӕмӕ раст тӕрхонгӕнӕгӕн дӕр йӕ уынаффӕ аивын кӕны. Ӕмбисӕндтӕ 17:23 Библи – Ног дунейы тӕлмац 23 Фыдгӕнӕг сусӕгӕй* райсы гӕртам+, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндӕгтӕ сзыгъуыммӕ кӕна+. Исай 1:23 Библи – Ног дунейы тӕлмац 23 Дӕ кънйӕзтӕ сты хивӕнд, давджыты лымӕнтӕ+. Иууылдӕр уарзынц гӕртӕмттӕ+, сты лӕвӕрттыл мард+. Сидзӕры хъуыддаг рӕстӕй нӕ равзарынц, ӕмӕ сӕм идӕдзы хъаст уӕвгӕ дӕр нӕ бахӕццӕ вӕййы+. Михей 3:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Йӕ хистӕртӕ гӕртӕмттӕ исынц+ ӕмӕ афтӕмӕй тӕрхон кӕнынц, йӕ сауджынтӕ зонд амонынц аргъыл+, йӕ пехуымпартӕ дӕсны фӕрсынц ӕхцайыл+. Уыимӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй ныфсджын сты ӕмӕ дзурынц: „Исты Йегъовӕ немӕ нӕй?+ Нӕ ныл ӕрцӕудзӕн бӕллӕх“+. Иаковы 2:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Фӕлӕ кӕд хъулон митӕ кӕнут+, уӕд тӕригъӕд аразут, уымӕн ӕмӕ закъонмӕ+ гӕсгӕ стут закъонхалджытӕ.
19 Рӕстдзинад ма зыгъуыммӕ кӕн+. Макӕй хъулон кӕн+ ӕмӕ гӕртӕмттӕ ма ис – гӕртам зондджын адӕймаджы дӕр бакуырм кӕны+ ӕмӕ раст тӕрхонгӕнӕгӕн дӕр йӕ уынаффӕ аивын кӕны.
23 Дӕ кънйӕзтӕ сты хивӕнд, давджыты лымӕнтӕ+. Иууылдӕр уарзынц гӕртӕмттӕ+, сты лӕвӕрттыл мард+. Сидзӕры хъуыддаг рӕстӕй нӕ равзарынц, ӕмӕ сӕм идӕдзы хъаст уӕвгӕ дӕр нӕ бахӕццӕ вӕййы+.
11 Йӕ хистӕртӕ гӕртӕмттӕ исынц+ ӕмӕ афтӕмӕй тӕрхон кӕнынц, йӕ сауджынтӕ зонд амонынц аргъыл+, йӕ пехуымпартӕ дӕсны фӕрсынц ӕхцайыл+. Уыимӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй ныфсджын сты ӕмӕ дзурынц: „Исты Йегъовӕ немӕ нӕй?+ Нӕ ныл ӕрцӕудзӕн бӕллӕх“+.