-
Йереми 29:14Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
14 Ӕмӕ уын мӕхи ссарын бауадздзынӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ. „Уацары уӕ чи ис,– уе ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Цы адӕмты ’хсӕн уӕ ныххӕлиу кодтон, уыдоны ’хсӕнӕй уӕ ракӕндзынӕн+, цы бӕстӕтыл уӕ ныппырх кодтон, уырдыгӕй уӕ ӕркӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ.– Фӕстӕмӕ уӕ ӕркӕндзынӕн, уацары уӕ кӕцӕй акӕнын кодтон, уырдӕм“+.
-
-
Йереми 46:27Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
27 „Ды та, Иаков, мӕ лӕггадгӕнӕг, ма тӕрс, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы тас мацы уадзӕд, Израил+. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард ранӕй дӕ ӕркӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты ӕрбакӕндзынӕн, уацары кӕм сты, уырдыгӕй+. Иаков фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзӕн ӕмӕ йӕхицӕн сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзӕн ӕмӕ йын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн+.
-
-
Оси 6:11Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
11 Иудӕйы адӕм, хуымгӕрдӕны рӕстӕг уын снысан кодтон: мӕ адӕмӕй мын уацары кӕй акодтой, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕркӕндзынӕн»+.
-