Исай 49:1 Библи – Ног дунейы тӕлмац 49 Байхъусут мӕм, сакъадӕхтӕ+, ӕмӕ уӕ хъус ӕрдарут, дард ран чи цӕры, уыцы адӕмыхӕттытӕ+. Йегъовӕ мӕм фӕдзырдта+, мӕ мады гуыбыны ма куы уыдтӕн, уӕд+. Нӕма райгуырдтӕн, афтӕ мын мӕ ном загъта+. Исай 51:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Байхъусут мӕм, мӕ адӕм, уӕ хъус мӕм ӕрдарут, ме ’взӕрст адӕмыхатт+, уымӕн ӕмӕ мӕнӕй рацӕудзӕн закъон ӕмӕ афтӕ бакӕндзынӕн+, ӕмӕ мӕ тӕрхоны уынаффӕ адӕмтӕн уыдзӕн рухс+. Данел 7:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицауы бартӕ+, кад+ ӕмӕ паддзахад+, цӕмӕй адӕмтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон се ’ппӕт дӕр уымӕн лӕггад кӕной+. Уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ хицауы бартӕ йын никуы байсдзысты, ӕмӕ йӕ паддзахад никуы ныппырх уыдзӕн+. Михей 4:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Бирӕ адӕмтӕ ацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Рацӕут+, ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ, Иаковы Хуыцауы хӕдзары размӕ+. Уый нын йӕ фӕндӕгтӕ бацамондзӕн+, ӕмӕ мах цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл»+. Уымӕн ӕмӕ закъон рацӕудзӕн Сионӕй, Йегъовӕйы ныхас – Иерусалимӕй+.
49 Байхъусут мӕм, сакъадӕхтӕ+, ӕмӕ уӕ хъус ӕрдарут, дард ран чи цӕры, уыцы адӕмыхӕттытӕ+. Йегъовӕ мӕм фӕдзырдта+, мӕ мады гуыбыны ма куы уыдтӕн, уӕд+. Нӕма райгуырдтӕн, афтӕ мын мӕ ном загъта+.
4 Байхъусут мӕм, мӕ адӕм, уӕ хъус мӕм ӕрдарут, ме ’взӕрст адӕмыхатт+, уымӕн ӕмӕ мӕнӕй рацӕудзӕн закъон ӕмӕ афтӕ бакӕндзынӕн+, ӕмӕ мӕ тӕрхоны уынаффӕ адӕмтӕн уыдзӕн рухс+.
14 Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицауы бартӕ+, кад+ ӕмӕ паддзахад+, цӕмӕй адӕмтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон се ’ппӕт дӕр уымӕн лӕггад кӕной+. Уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ хицауы бартӕ йын никуы байсдзысты, ӕмӕ йӕ паддзахад никуы ныппырх уыдзӕн+.
2 Бирӕ адӕмтӕ ацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Рацӕут+, ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ, Иаковы Хуыцауы хӕдзары размӕ+. Уый нын йӕ фӕндӕгтӕ бацамондзӕн+, ӕмӕ мах цӕудзыстӕм йӕ фӕндӕгтыл»+. Уымӕн ӕмӕ закъон рацӕудзӕн Сионӕй, Йегъовӕйы ныхас – Иерусалимӕй+.