Дыккаг закъон 31:17 Библи – Ног дунейы тӕлмац 17 Ӕмӕ сӕм уыцы бон мӕ маст ссудздзӕн+, ӕмӕ сӕ ӕз ныууадздзынӕн+ ӕмӕ сӕ мӕ цӕсгом бамбӕхсдзынӕн+, ӕмӕ сӕфты хай бауыдзысты. Сӕ сӕр баййафдзӕн бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ+, ӕмӕ уыцы бон зӕгъдзысты: „Ацы фыдбылызтӕ ныл уый тыххӕй нӕ цӕуынц, ӕмӕ нӕ Хуыцау не ’хсӕн кӕй нӕй?“+ Дыккаг закъон 32:20 Библи – Ног дунейы тӕлмац 20 Гъемӕ загъта: „Мӕ цӕсгом сӕ бамбӕхсдзынӕн+,Ӕмӕ йӕ фендзыстӕм, сӕ фӕстаг цӕмӕ ӕрцӕудзӕн, уый+.Уыдон сты хӕлд адӕм*,Иузӕрдион чи нӕу, уыцы фырттӕ+. Исай 57:17 Библи – Ног дунейы тӕлмац 17 Кӕй рӕдийы, иннӕты сайгӕйӕ йӕхицӕн хъӕздыгдзинӕдтӕ кӕй ӕмбырд кӕны+, уый тыххӕй йӕм мӕ маст ссыгъд ӕмӕ йӕ ӕрцавтон. Мӕ маст сыгъд ӕмӕ дзы мӕ цӕсгом бамбӕхстон+. Фӕлӕ уыцы адӕймаг, Хуыцауы чи ныууагъта, уый+, дарддӕр цыди йӕ зӕрдӕйы фӕдыл. Йезекил 39:23 Библи – Ног дунейы тӕлмац 23 Адӕмтӕ йӕ базондзысты, уыдон, Израилы адӕм, уацары сӕ фыдракӕндты тыххӕй кӕй ацыдысты+, гадзрахатӕй мыл кӕй рацыдысты, уый тыххӕй, ӕмӕ сӕ ӕз мӕ цӕсгом бамбӕхстон+ ӕмӕ сӕ радтон се знӕгты къухмӕ. Ӕмӕ иууылдӕр хъамайӕ фӕцагъды сты+. Михей 3:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Уыцы рӕстӕг Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзӕн+. Уыцы рӕстӕг сӕ уый йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн+, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй+.
17 Ӕмӕ сӕм уыцы бон мӕ маст ссудздзӕн+, ӕмӕ сӕ ӕз ныууадздзынӕн+ ӕмӕ сӕ мӕ цӕсгом бамбӕхсдзынӕн+, ӕмӕ сӕфты хай бауыдзысты. Сӕ сӕр баййафдзӕн бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ+, ӕмӕ уыцы бон зӕгъдзысты: „Ацы фыдбылызтӕ ныл уый тыххӕй нӕ цӕуынц, ӕмӕ нӕ Хуыцау не ’хсӕн кӕй нӕй?“+
20 Гъемӕ загъта: „Мӕ цӕсгом сӕ бамбӕхсдзынӕн+,Ӕмӕ йӕ фендзыстӕм, сӕ фӕстаг цӕмӕ ӕрцӕудзӕн, уый+.Уыдон сты хӕлд адӕм*,Иузӕрдион чи нӕу, уыцы фырттӕ+.
17 Кӕй рӕдийы, иннӕты сайгӕйӕ йӕхицӕн хъӕздыгдзинӕдтӕ кӕй ӕмбырд кӕны+, уый тыххӕй йӕм мӕ маст ссыгъд ӕмӕ йӕ ӕрцавтон. Мӕ маст сыгъд ӕмӕ дзы мӕ цӕсгом бамбӕхстон+. Фӕлӕ уыцы адӕймаг, Хуыцауы чи ныууагъта, уый+, дарддӕр цыди йӕ зӕрдӕйы фӕдыл.
23 Адӕмтӕ йӕ базондзысты, уыдон, Израилы адӕм, уацары сӕ фыдракӕндты тыххӕй кӕй ацыдысты+, гадзрахатӕй мыл кӕй рацыдысты, уый тыххӕй, ӕмӕ сӕ ӕз мӕ цӕсгом бамбӕхстон+ ӕмӕ сӕ радтон се знӕгты къухмӕ. Ӕмӕ иууылдӕр хъамайӕ фӕцагъды сты+.
4 Уыцы рӕстӕг Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзӕн+. Уыцы рӕстӕг сӕ уый йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн+, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй+.