Исай 2:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Уый тӕрхон кӕндзӕн адӕмты ’хсӕн+ ӕмӕ бирӕ адӕмты пайдайӕн+ хъуыддӕгтӕ сраст кӕндзӕн+. Ӕмӕ уыдон сӕ хъаматӕй сараздзысты гутӕттӕ, сӕ ӕрцытӕй – ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕ+. Иу адӕм иннӕ адӕммӕ хъама нал сисдзӕн ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты+. Исай 11:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Уыдон мӕ сыгъдӕг хохыл+ иу ран дӕр ницы зиан хӕсдзысты+ ӕмӕ ницы фыдбылыз кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ+. Исай 54:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Ды ӕрфидар уыдзынӕ рӕстдзинады+. Ӕфхӕрджытӕй уыдзынӕ дард+, уымӕн ӕмӕ никӕмӕй тӕрсдзынӕ. Уыдзынӕ дард, зӕрдӕйы тас цы уадзы, уыдӕттӕй, уымӕн ӕмӕ дӕм хӕстӕг дӕр не ’рбацӕудзысты+. Захари 9:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Ӕз мӕ хӕдзары раз ӕрбынат кӕндзынӕн+ ӕмӕ йӕ хъахъхъӕндзынӕн, ӕмӕ дзы мидӕмӕ дӕр ничи бацӕудзӕн ӕмӕ ӕддӕмӕ дӕр ничи рацӕудзӕн. Цӕстдарӕг дӕр се ’хсӕн нал рацу-бацу кӕндзӕн+, уымӕн ӕмӕ сыл цы ’рцыд, уый мӕхи цӕстӕй уынын+.
4 Уый тӕрхон кӕндзӕн адӕмты ’хсӕн+ ӕмӕ бирӕ адӕмты пайдайӕн+ хъуыддӕгтӕ сраст кӕндзӕн+. Ӕмӕ уыдон сӕ хъаматӕй сараздзысты гутӕттӕ, сӕ ӕрцытӕй – ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕ+. Иу адӕм иннӕ адӕммӕ хъама нал сисдзӕн ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты+.
9 Уыдон мӕ сыгъдӕг хохыл+ иу ран дӕр ницы зиан хӕсдзысты+ ӕмӕ ницы фыдбылыз кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ+.
14 Ды ӕрфидар уыдзынӕ рӕстдзинады+. Ӕфхӕрджытӕй уыдзынӕ дард+, уымӕн ӕмӕ никӕмӕй тӕрсдзынӕ. Уыдзынӕ дард, зӕрдӕйы тас цы уадзы, уыдӕттӕй, уымӕн ӕмӕ дӕм хӕстӕг дӕр не ’рбацӕудзысты+.
8 Ӕз мӕ хӕдзары раз ӕрбынат кӕндзынӕн+ ӕмӕ йӕ хъахъхъӕндзынӕн, ӕмӕ дзы мидӕмӕ дӕр ничи бацӕудзӕн ӕмӕ ӕддӕмӕ дӕр ничи рацӕудзӕн. Цӕстдарӕг дӕр се ’хсӕн нал рацу-бацу кӕндзӕн+, уымӕн ӕмӕ сыл цы ’рцыд, уый мӕхи цӕстӕй уынын+.