Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 31:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз зонын, сымах хивӕнд+ ӕмӕ ӕнӕсӕттон+ адӕм кӕй стут. Ӕз нырма ӕгас дӕн, нырма уе ’хсӕн дӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ныхмӕ кӕм цӕут+, уым, куы амӕлон, уӕд та цытӕ кӕндзыстут!

  • Нееми 9:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Ды сӕ фӕдзӕхстай+, цӕмӕй сын се ’ргом фӕстӕмӕ дӕ закъонмӕ раздӕхтаис+, фӕлӕ уыдон сӕрбӕрзонд митӕ кодтой+ ӕмӕ дын дӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Дӕ закъӕттӕ дын не ’ххӕст кодтой+ ӕмӕ уымӕй тӕригъӕд арӕзтой+, афтӕмӕй та сӕ чи ӕххӕст кӕна, уый уыдоны фӕрцы цӕрдзӕн+. Сӕ чъылдым* дӕм сыздӕхтой+, сӕхи цы фӕндыд, уый кодтой*+ ӕмӕ дӕм нӕ хъуыстой+.

  • Исай 1:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Байхъусут+, уӕлӕрвтӕ, дӕ хъус ӕрдар, зӕхх, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг дзуры: «Ӕз схъомыл кодтон ӕмӕ схастон фырттӕ+, фӕлӕ уыдон мӕ ныхмӕ рацыдысты+.

  • Йереми 5:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Фӕлӕ ацы адӕмы зӕрдӕ сси хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон. Уыдон мӕн ныууагътой ӕмӕ цӕуынц сӕхи фӕндагыл+.

  • Йереми 6:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 Се ’ппӕт дӕр сты тынг хивӕнд+, рацу-бацу кӕнынц ӕмӕ иннӕты фыдкой кӕнынц+, уыдон сты ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаджы хуызӕн. Иууылдӕр сты фыдбылыз+.

  • Захари 7:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Фӕлӕ йын уыдон йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой+, сӕ чъылдым* ӕм сыздӕхтой+ ӕмӕ сӕ хъустӕ сӕхгӕдтой, цӕмӕй мацы хъуыстаиккой+.

  • Хъуыддӕгтӕ 7:51
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 51 О хивӕнд адӕм, сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ+ ӕмӕ уӕ хъустӕ сты ӕхгӕд*! Ӕдзухдӕр цӕут Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ныхмӕ, раст уӕ фыдӕлтӕ куыд кодтой, афтӕ+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын