Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ездрӕ 3:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Ӕвдӕм мӕйы+, Израилы фырттӕ сӕ горӕтты куы цардысты, уӕд, адӕм се ’ппӕт дӕр+ Иерусалиммӕ+ ӕрӕмбырд сты.

  • Ездрӕ 9:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Ӕмӕ нын ныр ды, о нӕ Хуыцау Йегъовӕ, гыццыл рӕстӕгмӕ дӕ хорзӕхӕй бахай кодтай+ – дӕ фӕрцы махӕй чидӕртӕ аирвӕзтысты+ ӕмӕ нын ды ацы сыгъдӕг бынаты къӕбӕл ныкъкъуырдтай, цӕмӕй нӕ цӕстыты цӕхӕр ссыгъдаид+ ӕмӕ, цагъартӕ кӕм уыдыстӕм, уым не уӕнгты хъару бацыдаид+.

  • Исай 12:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Ӕмӕ уыцы бон+ зӕгъдзынӕ: «О Йегъовӕ, арфӕ дын кӕндзынӕн! Ды мӕм смӕсты дӕ, фӕлӕ уӕддӕр дӕ маст ӕрсабыр+ ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ барӕвдыдтай+.

  • Исай 32:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Мӕ адӕмӕн сӕ цӕрӕнбынӕттӕ уыдзысты фӕрнӕйдзаг, сӕ хӕдзӕрттӕ уыдзысты ӕдас, кӕм цӕрдзысты, уым сӕ ничи хъыгдардзӕн+.

  • Йереми 30:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 «Ма тӕрс, Иаков, мӕ лӕггадгӕнӕг,– зӕгъы Йегъовӕ,– дӕ зӕрдӕйы дын тас мацы уадзӕд, Израил+. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард ранӕй дӕ ӕркӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты ӕрбакӕндзынӕн, уацары кӕм сты, уырдыгӕй+. Иаков фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзӕн ӕмӕ йӕхицӕн сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрдзӕн ӕмӕ йын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн»+.

  • Йезекил 28:24
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 24 Ӕмӕ уӕд Израилы адӕмӕн, сӕ алыварс чи цӕры, хынджылӕггаг кӕмӕн сты, уыцы адӕмтӕ нал уыдзысты риссаг сындзыты+ ӕмӕ цыргъ судзинты хуызӕн. Ӕмӕ адӕм базондзысты, ӕз кӕй дӕн Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын