Исай 13:21 Библи – Ног дунейы тӕлмац 21 Хуысдзысты дзы хъӕддаг сырдтӕ, хӕдзӕрттӕ уыгтӕй байдзаг уыдзысты+. Цӕрдзӕн дзы страустӕ ӕмӕ дзы рагӕпп-багӕпп кӕндзысты, сӕгъы хуызӕн чи у, уыцы хӕйрӕджытӕ*+. Йереми 50:39 Библи – Ног дунейы тӕлмац 39 Уый тыххӕй дзы цӕрдзысты ӕрмӕстдӕр, хус бӕстӕйы чи цӕры, стӕй, ниугӕ чи кӕны, уыцы цӕрӕгойтӕ, цӕрдзысты дзы страустӕ+. Цӕрӕг дзы никуыуал уыдзӕн, адӕймаг кӕм ӕрцӕра, ахӕм бынат дзы нал уыдзӕн, ӕмӕ афтӕ уыдзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ»+. Йереми 51:25 Библи – Ног дунейы тӕлмац 25 «Ӕз дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн+, фыдбылызы хох+,– зӕгъы Йегъовӕ,– дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн, ӕгас зӕххы сафӕг+. Ӕз дӕм мӕ къух сисдзынӕн, къӕдзӕхтӕй дӕ раппардзынӕн ӕмӕ дӕ фестын кӕндзынӕн, арт кӕй басыгъта, ахӕм хох»+. Йереми 51:62 Библи – Ног дунейы тӕлмац 62 Ӕмӕ-иу зӕгъ: „О Йегъовӕ, ды дӕхӕдӕг дзырдтай ацы бынаты ныхмӕ, цӕмӕй сӕфт ӕрцӕуа ӕмӕ дзы иу змӕлӕг дӕр мауал уа+ – нӕдӕр адӕмӕй, нӕдӕр фосӕй,– ӕмӕ ӕнустӕм суа ӕдзӕрӕг бӕстӕ“. Раргомад 18:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта+: «Йе сӕфт ӕрцыд! Йе сӕфт ӕрцыд Стыр Вавилонӕн+ ӕмӕ сси хӕйрӕджыты цӕрӕнбынат, маргджын уӕлдӕф кӕм ис, ахӕм бынат+, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъы ӕмбӕхсӕн!+
21 Хуысдзысты дзы хъӕддаг сырдтӕ, хӕдзӕрттӕ уыгтӕй байдзаг уыдзысты+. Цӕрдзӕн дзы страустӕ ӕмӕ дзы рагӕпп-багӕпп кӕндзысты, сӕгъы хуызӕн чи у, уыцы хӕйрӕджытӕ*+.
39 Уый тыххӕй дзы цӕрдзысты ӕрмӕстдӕр, хус бӕстӕйы чи цӕры, стӕй, ниугӕ чи кӕны, уыцы цӕрӕгойтӕ, цӕрдзысты дзы страустӕ+. Цӕрӕг дзы никуыуал уыдзӕн, адӕймаг кӕм ӕрцӕра, ахӕм бынат дзы нал уыдзӕн, ӕмӕ афтӕ уыдзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ»+.
25 «Ӕз дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн+, фыдбылызы хох+,– зӕгъы Йегъовӕ,– дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн, ӕгас зӕххы сафӕг+. Ӕз дӕм мӕ къух сисдзынӕн, къӕдзӕхтӕй дӕ раппардзынӕн ӕмӕ дӕ фестын кӕндзынӕн, арт кӕй басыгъта, ахӕм хох»+.
62 Ӕмӕ-иу зӕгъ: „О Йегъовӕ, ды дӕхӕдӕг дзырдтай ацы бынаты ныхмӕ, цӕмӕй сӕфт ӕрцӕуа ӕмӕ дзы иу змӕлӕг дӕр мауал уа+ – нӕдӕр адӕмӕй, нӕдӕр фосӕй,– ӕмӕ ӕнустӕм суа ӕдзӕрӕг бӕстӕ“.
2 Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта+: «Йе сӕфт ӕрцыд! Йе сӕфт ӕрцыд Стыр Вавилонӕн+ ӕмӕ сси хӕйрӕджыты цӕрӕнбынат, маргджын уӕлдӕф кӕм ис, ахӕм бынат+, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъы ӕмбӕхсӕн!+