Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Паддзӕхты 17:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Йегъовӕ Израилы+ ӕмӕ Иудӕйы+ адӕмы йӕ пехуымпарты+ уылты ӕмӕ, цӕстылуайӕнтӕ чи уыдта+, уыдоны уылты фӕдзӕхста+: «Уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзут+ ӕмӕ уын уӕ фыдӕлтӕн кӕй бафӕдзӕхстон+ ӕмӕ уын мӕ пехуымпарты уылты кӕй радтон+, уыцы закъоны+ цыдӕриддӕр фӕдзӕхстытӕ+ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ+ ис, уыдон ӕххӕст кӕнут».

  • Исай 55:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг+, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уый ныууадзӕд йӕ фӕндтӕ+ ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ йӕм уый уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ+. Раздӕхӕд нӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ йын уый зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн+.

  • Йереми 18:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Ныр та, дӕ хорзӕхӕй, Иудӕйы адӕмӕн ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз хъавын сымахыл бӕллӕх ӕруадзынмӕ, фӕнд кӕнын сымах фыдбылызы хай бакӕнын+. Курӕг уӕ дӕн, алчидӕр уӕ йе ’взӕр фӕндаг ныууадзӕд, ӕмӕ уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут“»+.

  • Йереми 35:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Ӕз уӕм ӕрвыстон ме ’ппӕт лӕггадгӕнджыты, мӕ пехуымпарты+, раджы-иу сыстадтӕн ӕмӕ-иу сӕ арвыстон, ӕмӕ уын дзырдтон: „Уӕ хорзӕхӕй, уе ’взӕр фӕндӕгтӕ ныууадзут+ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут+. Ма цӕут ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл, ма сын кувут+. Ӕмӕ цӕрут, сымахӕн ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл“+. Фӕлӕ-иу мӕм сымах уӕ хъус дӕр не ’рдардтат, нӕ мӕм хъуыстат+.

  • Йезекил 18:30
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 30 „Уымӕ гӕсгӕ, Израилы адӕм, ӕз сымахӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон кӕндзынӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ+.– Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ ныууадзут уӕ фыдракӕндтӕ иууылдӕр+ ӕмӕ уӕ чи рӕдийын кӕна, ахӕм цӕлхдур уын мацы уӕд+.

  • Йезекил 33:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Зӕгъ сын: „Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– мӕнӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт нӕу ӕхсызгон+, фӕлӕ, фыдгӕнӕг йӕ фӕндаг ныууадза+ ӕмӕ цӕра, уый+. Ныууадзут, ныууадзут уе ’взӕр фӕндӕгтӕ+. Цӕмӕн хъуамӕ фесӕфат, о Израилы адӕм?“+

  • Ионӕ 3:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Сӕхиуыл дӕр ӕмӕ сӕ фосыл дӕр хъисын ӕркӕнӕнт, ӕмӕ Хуыцауӕн сӕ тых сӕ бонӕй лӕгъстӕ кӕнӕнт ӕмӕ сӕ алчидӕр йе ’взӕр фӕндагӕй раздӕхӕд+ ӕмӕ, цы фыдхъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдон ныууадзӕд.

  • Захари 1:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 „Уӕ фыдӕлты хуызӕн ма ут+. Уыдонӕн раздӕры пехуымпартӕ дзырдтой+: „Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Уӕ хорзӕхӕй, уе ’взӕр фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууадзут ӕмӕ мӕм раздӕхут“+.

      „Фӕлӕ мӕм уыдон нӕ хъуыстой, ницӕмӕ мӕ дардтой“+,– зӕгъы Йегъовӕ.

  • Малахи 3:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Уӕ фыдӕлты замантӕй фӕстӕмӕ мын мӕ уагӕвӕрдты сӕрты хизут ӕмӕ сӕ не ’ххӕст кӕнут+. Раздӕхут мӕм, ӕмӕ уӕм ӕз дӕр раздӕхдзынӕн»+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.

      Сымах дзурут: «Куыд дӕм раздӕхӕм?»

  • 2 Петры 3:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕныныл фӕстиат нӕ кӕны+, кӕд иуӕй-иутӕ уый фӕстиатыл нымайынц, уӕддӕр, фӕлӕ уын быхсы, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны+ фадат.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын