Исай 58:11 Библи – Ног дунейы тӕлмац 11 Йегъовӕ дӕ алкӕддӕр+ кӕндзӕн+, суанг дӕ хурсыгъд зӕххыл дӕр ӕфсаддзӕн+ ӕмӕ дын де стджытӕ фидар кӕндзӕн+. Ӕмӕ ды суыдзынӕ донӕфсӕст цӕхӕрадоны хуызӕн+, чи нӕ хус кӕны, ахӕм суадоны хуызӕн. Исай 61:3 Библи – Ног дунейы тӕлмац 3 ӕмӕ, Сионы тыххӕй чи маст кӕны, уыдонӕн фӕнычы бӕсты раттон циндзинады худтӕ+, масты бӕсты – цины сой+, саст зӕрдӕйы бӕсты – кады пӕлӕз+. Уыдоны схондзысты рӕстдзинады стыр бӕлӕстӕ+, Йегъовӕйы дыргъдон+, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ фидыц+. Йереми 24:6 Библи – Ног дунейы тӕлмац 6 Ӕз сӕм мӕ цӕст дардзынӕн, цӕмӕй сын хорз уа+, ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы зӕхмӕ ӕркӕндзынӕн+. Пырх сӕ нӕ кӕндзынӕн, фӕлӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн, бындзарӕй сӕ нӕ тондзынӕн, фӕлӕ сӕ садздзынӕн+. Йереми 31:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Уыдон ӕрцӕудзысты ӕмӕ Сионы хохыл фырцинӕй хъӕр кӕндзысты+. Ӕмӕ Йегъовӕйы хорздзинад уынгӕйӕ+, хор, ног сӕн+, сой, уӕрыччытӕ ӕмӕ родты уынгӕйӕ сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс уыдзысты+. Сӕ зӕрдӕ суыдзӕн донӕфсӕст дыргъдоны хуызӕн+, ӕмӕ никуыуал ӕрлӕмӕгъ уыдзысты»+. Амос 9:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 „Сӕ зӕххыл сӕ ныссадздзынӕн, ӕмӕ сӕ никуыуал стондзысты, ӕз сын кӕй радтон, уыцы зӕххӕй“+,– зӕгъы дӕ Хуыцау Йегъовӕ».
11 Йегъовӕ дӕ алкӕддӕр+ кӕндзӕн+, суанг дӕ хурсыгъд зӕххыл дӕр ӕфсаддзӕн+ ӕмӕ дын де стджытӕ фидар кӕндзӕн+. Ӕмӕ ды суыдзынӕ донӕфсӕст цӕхӕрадоны хуызӕн+, чи нӕ хус кӕны, ахӕм суадоны хуызӕн.
3 ӕмӕ, Сионы тыххӕй чи маст кӕны, уыдонӕн фӕнычы бӕсты раттон циндзинады худтӕ+, масты бӕсты – цины сой+, саст зӕрдӕйы бӕсты – кады пӕлӕз+. Уыдоны схондзысты рӕстдзинады стыр бӕлӕстӕ+, Йегъовӕйы дыргъдон+, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ фидыц+.
6 Ӕз сӕм мӕ цӕст дардзынӕн, цӕмӕй сын хорз уа+, ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы зӕхмӕ ӕркӕндзынӕн+. Пырх сӕ нӕ кӕндзынӕн, фӕлӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн, бындзарӕй сӕ нӕ тондзынӕн, фӕлӕ сӕ садздзынӕн+.
12 Уыдон ӕрцӕудзысты ӕмӕ Сионы хохыл фырцинӕй хъӕр кӕндзысты+. Ӕмӕ Йегъовӕйы хорздзинад уынгӕйӕ+, хор, ног сӕн+, сой, уӕрыччытӕ ӕмӕ родты уынгӕйӕ сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс уыдзысты+. Сӕ зӕрдӕ суыдзӕн донӕфсӕст дыргъдоны хуызӕн+, ӕмӕ никуыуал ӕрлӕмӕгъ уыдзысты»+.
15 „Сӕ зӕххыл сӕ ныссадздзынӕн, ӕмӕ сӕ никуыуал стондзысты, ӕз сын кӕй радтон, уыцы зӕххӕй“+,– зӕгъы дӕ Хуыцау Йегъовӕ».