Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Псалом 33:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Нӕ фервӕзын кӕндзӕн паддзахы йе стыр ӕфсад+,

      Тыхджын адӕймаджы – йе стыр тых+.

  • Ӕмбисӕндтӕ 8:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Йегъовӕйӕ тӕрсын уый у, ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй де сӕфт уынай+. Хъал зӕрдӕйӕ, сӕрбӕрзонддзинадӕй+, ӕвзӕрдзинады фӕндагӕй ӕмӕ фыдӕвзагӕй+ ӕз ме сӕфт уынын.

  • Ӕмбисӕндтӕ 15:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уыдоны хӕдзар Йегъовӕ ныппырх кӕндзӕн+, идӕдз усӕн та йӕ зӕххы арӕн сфидар кӕндзӕн+.

  • Екклесиаст 9:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Ӕмӕ та ахъуыды кодтон, зӕгъын, акӕсон, хуры бын цытӕ цӕуы, уымӕ, ӕмӕ федтон: цӕрдӕг чи у, уыдон нӕ рамбулынц дугъы+ ӕмӕ тыхджынтӕ – тохы+, хӕринаг зондджынтӕм нӕ вӕййы+, ӕмӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ – ӕмбаргӕтӕм+, ӕмӕ зонындзинӕдтӕ кӕмӕ ис, аргъ уыдонӕн нӕ фӕкӕнынц, уымӕн+ ӕмӕ, кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны+.

  • Исай 2:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 уымӕн ӕмӕ уый у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы бон+. Уыцы бон ӕрцӕудзӕн, йӕхи чи бӕрзонд кӕны ӕмӕ сӕрбӕрзонд чи у, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр, кадджын ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмӕй алкӕуыл дӕр+,

  • Исай 16:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Мах фехъуыстам Моавы сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй, тынг сӕрбӕрзонд кӕй у+. Уый у хъал, сӕрбӕрзонд ӕмӕ фырмӕстӕй цӕхӕртӕ калы+, фӕлӕ йӕ афтид ныхӕстӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын