Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 2 Азфыстыты 36:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Фӕлӕ уыдон ӕцӕг Хуыцауы минӕвӕрттӕй хынджылӕг кодтой+ ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой+, йӕ пехуымпартыл ын худтысты+ ӕмӕ уыйонг ӕрцыдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы маст+ йӕ адӕммӕ ссыгъд, ӕмӕ сын сдзӕбӕх кӕнӕн нал уыди+.

  • Нееми 9:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Ды сӕ фӕдзӕхстай+, цӕмӕй сын се ’ргом фӕстӕмӕ дӕ закъонмӕ раздӕхтаис+, фӕлӕ уыдон сӕрбӕрзонд митӕ кодтой+ ӕмӕ дын дӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Дӕ закъӕттӕ дын не ’ххӕст кодтой+ ӕмӕ уымӕй тӕригъӕд арӕзтой+, афтӕмӕй та сӕ чи ӕххӕст кӕна, уый уыдоны фӕрцы цӕрдзӕн+. Сӕ чъылдым* дӕм сыздӕхтой+, сӕхи цы фӕндыд, уый кодтой*+ ӕмӕ дӕм нӕ хъуыстой+.

  • Йереми 11:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой, сӕ хъус дӕр не ’рдардтой+ – алчидӕр сӕ цыди йе ’взӕр, йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл+. Ӕмӕ сыл ӕз дӕр ацы бадзырды ныхӕстӕ иууылдӕр ӕрцӕуын кодтон – ӕххӕст кӕнын сын кӕй бафӕдзӕхстон, фӕлӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, уыцы бадзырды ныхӕстӕ“».

  • Йереми 25:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 «Амоны фырт Иоси+ ӕртындӕсӕм аз куы уыд Иудӕйы паддзах, уӕдӕй абоны онг, дыууын ӕртӕ азы дӕргъы, Йегъовӕ мӕнӕн йӕ ныхас дзырдта, ӕмӕ-иу ӕй ӕз та дзырдтон сымахӕн, раджы-иу сыстадтӕн ӕмӕ уын-иу ӕй дзырдтон, фӕлӕ мӕм сымах нӕ хъуыстат+.

  • Захари 1:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 „Уӕ фыдӕлты хуызӕн ма ут+. Уыдонӕн раздӕры пехуымпартӕ дзырдтой+: „Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Уӕ хорзӕхӕй, уе ’взӕр фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууадзут ӕмӕ мӕм раздӕхут“+.

      „Фӕлӕ мӕм уыдон нӕ хъуыстой, ницӕмӕ мӕ дардтой“+,– зӕгъы Йегъовӕ.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын