Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 3:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Ӕмӕ цӕуын, цӕмӕй сӕ египетӕгты+ къухӕй фервӕзын кӕнон, уыцы зӕххӕй сӕ ракӕнон ӕмӕ сӕ бакӕнон хъӕздыг зӕхмӕ, зӕхх парахат кӕм у, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уырдӕм+ – ханаайнӕгты, хетты, аморейты, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты зӕхмӕ+.

  • Левит 20:24
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 24 Афтӕ дӕр уын уымӕн загътон+: „Сымах бауыдзӕн сӕ зӕхх, ӕз уын ӕй ратдзынӕн – ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, иннӕ адӕмтӕй уӕ чи рахицӕн кодта, уыцы Хуыцау“+.

  • Дыккаг закъон 6:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Байхъусут, Израилы адӕм, ӕмӕ сӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнут+, цӕмӕй уын уа хорз+ ӕмӕ цӕмӕй, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕххыл тынг сбирӕ уат, уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ уын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ+.

  • Йесо Навин 5:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Израилы фырттӕ цыппор азы+ дӕргъы рацу-бацу кодтой ӕдзӕрӕг быдыры, цалынмӕ, Египетӕй чи рацыд ӕмӕ Йегъовӕмӕ чи нӕ хъуыста, уыцы адӕм, хӕцынхъом нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр, нӕ амардысты, уӕдмӕ. Йегъовӕ сын расомы кодта, цӕстӕй дӕр кӕй нӕ фендзысты+, Йегъовӕ сын сӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодта+, мӕ адӕмӕн* ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх – ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхх+.

  • Йезекил 20:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Уыцы бон сын ӕз, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ+, расомы кодтон, кӕй сӕ ракӕндзынӕн Египеты зӕххӕй ӕмӕ сӕ кӕй бакӕндзынӕн, уыдоны тыххӕй кӕй басгӕрстон, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхмӕ+. Уый уыд ӕппӕт зӕххыты фидыц+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын