Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Тӕрхонгӕнджыты 3:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Израилы фырттӕ кодтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый. Ферох кодтой сӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ ӕмӕ кувын райдыдтой Ваалтӕн+ ӕмӕ кувӕн цӕджындзтӕн+.

  • 1 Паддзӕхты 14:23
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 23 Сӕхицӕн алы бӕрзонд къуыбырыл+ ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы бын+ кувӕн бынӕттӕ арӕзтой+, дуртӕ+ ӕмӕ цӕджындзтӕ+ ӕвӕрдтой ӕмӕ сын куывтой.

  • 2 Паддзӕхты 16:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Кувӕн бынӕтты+, къуыбыртыл+ ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы+ бын нывӕндтӕ хаста ӕмӕ-иу уым нывӕндты фӕздӕг суагъта.

  • 2 Азфыстыты 24:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Ӕмӕ сабыргай сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар ныууагътой ӕмӕ кувӕн цӕджындзтӕн+ ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувын райдыдтой+. Ӕмӕ сӕ тӕригъӕды тыххӕй Иудӕмӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ Хуыцауы маст ссыгъд+.

  • 2 Азфыстыты 33:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Йӕ фыд Езеки цы кувӕн бынӕттӕ+ ныппырх кодта+, уыдон та ногӕй сарӕзта, Ваалтӕн+ нывондхӕссӕнтӕ сӕвӕрдта+ ӕмӕ скодта кувӕн цӕджындзтӕ+. Манасси табу кодта+ ӕмӕ куывта+, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕн*+.

  • Псалом 78:58
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 58 Мӕсты йӕ кодтой, къуыппытыл кӕй куывтой, уымӕй+,

      Сӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кӕй табу кодтой, уымӕй-иу ын йӕ маст ссыгътой+.

  • Исай 1:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Кӕмӕ бӕллыдыстут, уыцы стыр бӕлӕсты тыххӕй уӕ цӕсгом судздзӕн+, кӕй равзӕрстат, уыцы дыргъдӕтты тыххӕй фӕкъӕмдзӕстыг уыдзыстут+.

  • Йереми 2:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 „Уый раджы уыди, ӕз дын де ’фсондз ныссастон+, дӕ бӕттӕнтӕ дын атыдтон. Фӕлӕ ды загътай: „Нӕ дын лӕггад кӕндзынӕн“, уымӕн ӕмӕ-иу алы бӕрзонд къуыбырыл ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы+ бын уӕлгоммӕ схуыссыдтӕ+ ӕмӕ хӕтыдтӕ+.

  • Йезекил 6:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Ӕмӕ сӕ чи фӕцагъды уа, уыдон куы уой сӕ фаджыс-хуыцӕутты ’хсӕн+, сӕ нывондхӕссӕнты алыварс+, алы бӕрзонд къуыбырыл+, алы хохы цъуппыл+, алы пӕлӕхсар бӕласы бын+ ӕмӕ алы къалиуджын стыр бӕласы бын+, се ’ппӕт фаджыс-хуыцӕуттӕн нывӕндтӕ кӕм хастой, цӕмӕй сын сӕ тӕф ӕхсызгон уыдаид, уыцы ран+, уӕд ӕй базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ+.

  • Йезекил 20:28
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 28 Ӕз сӕ ӕрбакодтон, мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ сын кӕй тыххӕй расомы кодтон+, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ+. Фӕлӕ-иу бӕрзонд къуыбыр+ кӕнӕ къалиуджын бӕлас кӕм федтой, уым-иу райдыдтой сӕ нывӕндтӕ ӕмӕ сӕ ӕнад кувинӕгтӕ хӕссын+, хастой сӕ нывӕндтӕ, цӕмӕй сӕ тӕф ӕхсызгон уыдаид+, ӕмӕ-иу рауагътой сӕ кувинаг нозт+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын