Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Исай 29:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Ацы адӕм мӕм ӕрмӕст дзыхӕй хӕстӕг кӕнынц ӕмӕ мӕ ӕрмӕст дзыхӕй кадджын кӕнынц+, сӕ зӕрдӕтӕ та мӕнӕй адард кодтой+. Уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ базыдтой, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый у Хуыцауӕй тӕрсын+.

  • Йереми 6:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Йегъовӕ сын афтӕ загъта: «Ӕрлӕуут уӕ фӕндӕгтыл, акӕсут ӕмӕ бафӕрсут рагон фӕндӕгты тыххӕй, базонут, кӕм ис хорз фӕндаг+ ӕмӕ йыл цӕут+, ӕмӕ уӕ удтӕн ӕнцой ссарут»+. Фӕлӕ уыдон дзырдтой: «Нӕ ацӕудзыстӕм»+.

  • Йереми 44:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Цыдӕриддӕр загътам, уый кӕндзыстӕм+: „уӕлӕрвты ус-паддзахӕн“ нывӕндты фӕздӕг уадздзыстӕм+ ӕмӕ йын кувинаг нозт хӕсдзыстӕм+. Афтӕ кодтам Иудӕйы горӕтты ӕмӕ Иерусалимы уынгты нӕхӕдӕг+ дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ+ дӕр, нӕ паддзӕхтӕ+ ӕмӕ нӕ кънйӕзтӕ, хӕринагӕй цух куы нӕ уыдыстӕм, нӕхицӕн дзӕбӕх куы цардыстӕм ӕмӕ ӕнӕфыдбылыз куы уыдыстӕм, уӕд+.

  • Матфейы 7:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Мӕнмӕ „Хицау! Хицау!“ чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн уӕларвон паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм бацӕудзӕн, мӕ уӕларвон Фыды фӕндон+ чи ӕххӕст кӕны, уый+.

  • Лукайы 6:49
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 49 Мӕ ныхӕстӕ мын чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕны+, уый та у, йӕ хӕдзар сыджытыл, ӕнӕ бындурӕй чи скодта, ахӕм лӕджы хуызӕн. Ӕмӕ йӕ хӕдзарыл дон куы ахӕцыд, уӕд хӕдзар ӕвиппайды ныккалд ӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр ныппырх»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын