11 „Ӕз, удӕгас Хуыцау, сомы кӕнын мӕхицӕй,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– мӕ кувӕндон мын де ’ппӕт ӕнаккаг хъуыддӕгтӕй+ ӕмӕ де ’ппӕт ӕлгъаг митӕй кӕй фӕчъизи кодтай+, уый тыххӕй дын ӕз дӕ адӕмӕй бирӕ нал ныууадздзынӕн+. Нӕ дын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ дыл нӕ бацауӕрддзынӕн+.