Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Левит 26:25
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 25 Мӕ бадзырд+ мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уыл мастисӕг+ хъама рауадздзынӕн. Уӕ горӕттӕм лидздзыстут, фӕлӕ уыл ӕз фыдниз бафтаудзынӕн+ ӕмӕ знаджы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзыстут+.

  • Йереми 25:9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 9 уый тыххӕй ӕз фӕсиддзынӕн цӕгатаг адӕмтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр+,– зӕгъы Йегъовӕ,– фӕсиддзынӕн Вавилоны паддзах Навуходоносормӕ, мӕ лӕггадгӕнӕгмӕ+, ӕмӕ сӕ ракӕндзынӕн ацы зӕххы ныхмӕ+ ӕмӕ йӕ цӕрджыты ныхмӕ ӕмӕ, сӕ алыварс цыдӕриддӕр адӕмтӕ цӕры, уыдоны ныхмӕ+. Ӕз сӕ сӕфты хай бакӕндзынӕн ӕмӕ сӕ диссагӕн дзуринаг фӕкӕндзынӕн, чи-иу сӕ фена, уый-иу ныхситт кӕндзӕн+. Сӕ зӕхх сын ӕнустӕм ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн+.

  • Йезекил 5:12
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 12 Дӕ адӕмӕй иу хай амӕлдзӕн фыднизӕй+, дӕ мидӕг сыскъуыйдзысты ӕххормагӕй+. Иннӕ хай дӕ алыварс фӕцагъды уыдзӕн хъамайӕ. Ӕртыккаг хай та ӕз дымгӕйӕн алырдӕмты фӕхӕссын кӕндзынӕн+. Ӕмӕ мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ йӕ сӕ фӕдыл бафтаудзынӕн+.

  • Йезекил 21:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Зӕгъ Израилы зӕххӕн: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн+, мӕ хъама йӕ кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн+ ӕмӕ дыл нал ныууадздзынӕн нӕдӕр рӕстгӕнӕджы, нӕдӕр фыдгӕнӕджы+.

  • Йезекил 38:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 „Ӕз ме ’гас хӕхбӕстыл расиддзынӕн, цӕмӕй Гогы ныхмӕ рацӕуа хъама,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ+.– Алчидӕр йӕ хъама сисдзӕн йе ’фсымӕрмӕ+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын