Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыккаг закъон 4:31
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау+. Уый дӕ нӕ ныууадздзӕн, нӕ дӕ фесафдзӕн ӕмӕ, дӕ фыдӕлтимӕ кӕй скодта ӕмӕ сын кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы бадзырд+ нӕ ферох кӕндзӕн.

  • 2 Азфыстыты 36:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Хъамайӕ чи аирвӕзт, уыдоны та Вавилонмӕ уацары акодта+, ӕмӕ йын йӕхицӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн уыдысты лӕггадгӕнджытӕ+, цалынмӕ Персы+ паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ нӕ райста, уӕдмӕ.

  • Исай 6:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Фӕлӕ ма дзы уӕддӕр баззайдзӕн дӕсӕм хай+, ӕмӕ уый дӕр арты хай бауыдзӕн – уый уыдзӕн стыр, пӕлӕхсар бӕласы хуызӕн, куы йӕ акалай+ ӕмӕ ма дзы бындзӕфхад куыд баззайа, афтӕ+. Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг чи у, уыцы байзӕддаг уыдзӕн йӕ бындзӕфхад»+.

  • Исай 10:20
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 20 Ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ афтӕ никуыуал уыдзӕн, цӕмӕй, Израилӕй ма чи баззайа+ ӕмӕ ма Иаковы хӕдзарвӕндагӕй чи аирвӕза, уыдон ӕххуыс бацагурой, чи сӕ ныппырх кодта, уымӕй+, фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ+ ӕххуыс агурдзысты Йегъовӕйӕ, Израилы Сыгъдӕг Хуыцауӕй+.

  • Йезекил 6:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Уыцы хабар куы ’рцӕуа, уӕд уӕ ӕз кӕйдӕрты ныууадздзынӕн – алы бӕстӕтыл куы ныххӕлиу уат, уӕд сымахӕй адӕмты ’хсӕн хъамайӕ чи аирвӕза, уыдоны+.

  • Михей 5:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Иаковы байзӕддӕгтӕй ма чи баззайа+, уыдон бирӕ адӕмты ’хсӕн уыдзысты, Йегъовӕйӕ цы ӕртӕх ӕрцӕуы, уый хуызӕн+ ӕмӕ, кӕрдӕг донӕй чи бафсады, уыцы тӕрккъӕвдаты хуызӕн+ – сӕ ныфс адӕймаг кӕмӕн нӕу ӕмӕ зӕххон адӕймаджы фырттӕм чи не ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны хуызӕн+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын