Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Исай 19:3
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 3 Ӕмӕ египетӕгтӕн сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн+, ӕмӕ сын ӕз сӕ фӕнд фехалдзынӕн+. Уыдон ӕххуысмӕ цӕудзысты ницӕйаг хуыцӕуттӕм+, кӕлӕнгӕнджытӕм, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм+.

  • Исай 47:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Дӕ бирӕ уынаффӕгӕнджытӕй сфӕлмӕцыдтӕ. Цӕй, сыстӕнт ӕмӕ дӕ фервӕзын кӕнӕнт, арвӕн чи кувы, стъалытӕм чи кӕсы+ ӕмӕ, мӕй куы сног вӕййы, уӕд дын, цы дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕ чи фӕдзуры, уыдон.

  • Данел 2:10
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 10 Халдейтӕ паддзахӕн загътой: «Зӕххыл ахӕм адӕймаг нӕй, паддзахӕн уый радзурын йӕ бон кӕмӕн у. Иу номдзыд паддзах ӕмӕ иу бӕстӕйы хицау дӕр никуы домдта, цӕмӕй кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕй, кӕлӕнгӕнджытӕй кӕнӕ халдейтӕй исчи ахӕм хъуыддаг сарӕзтаид.

  • Данел 2:27
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 27 Данел паддзахӕн загъта: «Паддзах цы сусӕгдзинадӕй фӕрсы, уый никӕмӕн у йӕ бон раргом кӕнын: нӕдӕр зондджын лӕгтӕн, нӕдӕр кӕлӕнгӕнджытӕн, нӕдӕр кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕн ӕмӕ нӕдӕр стъалыдӕснытӕн+.

  • Данел 4:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Ӕмӕ мӕм ӕрбацыдысты кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, халдейтӕ+ ӕмӕ стъалыдӕснытӕ+. Ӕз сын мӕ фын радзырдтон, фӕлӕ йӕ сӕ бон райхалын не сси+.

  • Данел 5:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Паддзах ныхъхъӕр кодта, кӕлӕнгӕнджыты, халдейты ӕмӕ стъалыдӕсныты ӕрбакӕнут, зӕгъгӕ+. Ӕмӕ паддзах Вавилоны зондджын лӕгтӕн загъта: «Ацы фыст чи бакӕса ӕмӕ, цы амоны, уый мын чи бамбарын кӕна, ууыл скӕндзысты тарсырх уӕлӕдарӕс+, йӕ хъуырыл ын сызгъӕрин рӕхыс ӕрцауындздзысты ӕмӕ ацы паддзахады уыдзӕн ӕртыккаг хицау»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын