-
Данел 7:7Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
7 Уый фӕстӕ ма ӕхсӕвы цӕстылуайӕнты федтон цыппӕрӕм сырды дӕр. Йӕ хуыз зӕрдӕйы тас уагъта, уыд ӕвирхъау ӕмӕ ӕнахуыр тыхджын+. Уыди йын стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтӕ, ӕмӕ йӕ алыварс ӕппӕт дӕр ныхъуырдта ӕмӕ пырх кодта, цы ма-иу дзы баззад, уый та-иу йӕ къӕхты бын ныссӕста. Уый хицӕн кодта, йӕ размӕ цы сырдтӕ уыд, уыдонӕй. Уыцы сырдӕн уыди дӕс сыкъайы+.
-
-
Данел 7:19Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
19 Уый фӕстӕ мӕ бафӕндыд фылдӕр базонын цыппӕрӕм сырды тыххӕй, иннӕтӕй чи хицӕн кодта, уыцы сырды тыххӕй – зӕрдӕйы стыр тас кӕй хуыз уагъта, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтӕ ӕмӕ ӕрхуы ныхтӕ кӕмӕн уыд ӕмӕ йӕ алыварс ӕппӕт дӕр чи ныхъуырдта ӕмӕ чи пырх кодта, цы ма-иу дзы баззад, уый та-иу йӕ къӕхты бын чи ныссӕста, уый тыххӕй+.
-