-
Нееми 9:17Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
17 Нӕ сӕ фӕндыд дӕумӕ хъусын+, ферох сӕ сты+, уыдоны тыххӕй кӕй сарӕзтай, уыцы диссӕгтӕ. Схивӕнд сты+ ӕмӕ сӕхицӕн хицау сӕвӕрдтой+, цӕмӕй фӕстӕмӕ Египетмӕ, цагъартӕ кӕм уыдысты, уырдӕм аздӕхтаиккой. Фӕлӕ ды хатыргӕнаг+, тӕригъӕдгӕнаг+ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау дӕ, ды мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон+ у де ’нувыд уарзт, ӕмӕ сӕ нӕ ныууагътай+.
-
-
Ионӕ 4:2Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
2 Ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ йын загъта: «Охх, Йегъовӕ, мӕхи зӕххыл ма куы уыдтӕн, уӕд дӕр уый нӕ дзырдтон? Фарсисмӕ дӕр фыццаг уый тыххӕй куы алыгътӕн+. Зыдтон ӕй, ды тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау дӕ, мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс, де ’нувыд уарзт ӕгӕрон у+ ӕмӕ, бӕллӕх ӕруадзинаг кӕй уыдтӕ, ууыл фӕфӕсмон кӕндзынӕ+.
-