Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • 1 Паддзӕхты 12:33
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 33 Вефилы цы нывондхӕссӕн скодта, ууыл нывӕндтӕ хӕссын райдыдта, йӕхӕдӕг цы мӕй равзӕрста+, уыцы мӕйы – ӕстӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон. Ӕмӕ Израилы фырттӕн скодта бӕрӕгбон ӕмӕ нывондхӕссӕныл нывӕндтӕ ӕрхаста ӕмӕ дзы нывӕндты фӕздӕг суагъта+.

  • 2 Паддзӕхты 23:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Вефилы+ цы нывондхӕссӕн уыд ӕмӕ Наваты фырт Йеровоам+, Израилы адӕмы тӕригъӕды чи бафтыдта+, уый, цы кувӕн бынат скодта, уый дӕр,– суанг уыцы нывондхӕссӕн ӕмӕ уыцы кувӕн бынат дӕр, ныппырх кодта. Кувӕн бынат басыгъта, цыдӕриддӕр дзы уыди, уый ныммур кодта ӕмӕ кувӕн цӕджындз дӕр басыгъта.

  • 2 Азфыстыты 31:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 Ӕппӕт уыцы хабӕртты фӕстӕ, израилӕгтӕй дзы чидӕриддӕр уыди, уыдон+ ацыдысты Иудӕйы горӕттӕм+. Ӕмӕ, ӕгас Иудӕйы+, Вениамины, Ефремы+ ӕмӕ Манассийы+ зӕххыл цы кувӕн дуртӕ+ уыди, уыдон ныссастой, кувӕн цӕджындзтӕ+ афӕлдӕхтой, ныппырх кодтой кувӕн бынӕттӕ+ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ+ ӕмӕ не ’рлӕууыдысты, цалынмӕ уыцы хъуыддаг кӕронмӕ нӕ бакодтой, уӕдмӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ Израилы фырттӕ иууылдӕр аздӕхтысты сӕ горӕттӕм, алчидӕр йӕхи зӕхмӕ.

  • Оси 13:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ныр та ма сӕ тӕригъӕдтыл ноджыдӕр бафтыдтой: сӕхицӕн ӕвзистӕй хуыцӕуттӕ аразынц+, мӕнгхуыцӕуттӕ аразынц, хуыздӕр сӕм куыд кӕсы, уымӕ гӕсгӕ+. Иууылдӕр сты ӕрмгуыстгӕнджыты конд+. Гъемӕ сын дзурынц: „Нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдон родтӕн пъатӕ кӕнӕнт“+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын