Псалом 103:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у+,Афтӕ адард кодта махӕй нӕ тӕригъӕдтӕ+. Исай 38:17 Библи – Ног дунейы тӕлмац 17 Хайджын уыдтӕн фарнӕй нӕ, фӕлӕ мастӕй, ӕрмӕстдӕр мастӕй+.Ӕз дын сдӕн зынаргъ ӕмӕ, кӕм бамбыдаин, уыцы дзыхъхъӕй мӕ фервӕзын кодтай+.Мӕ тӕригъӕдтӕ мын иууылдӕр ды дӕ сӕрты фӕстӕмӕ фехстай+. Исай 55:7 Библи – Ног дунейы тӕлмац 7 Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг+, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уый ныууадзӕд йӕ фӕндтӕ+ ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ йӕм уый уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ+. Раздӕхӕд нӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ йын уый зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн+. Йереми 31:34 Библи – Ног дунейы тӕлмац 34 «Ӕмӕ уӕд иу иннӕмӕн ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕрӕн нал амондзӕн+ ӕмӕ йын нал дзурдзӕн: „Йегъовӕйы базон!“+, уымӕн ӕмӕ мӕ стырӕй-чысылӕй иууылдӕр зондзысты+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн»+. Йереми 50:20 Библи – Ног дунейы тӕлмац 20 «Уыцы бонты ӕмӕ уыцы рӕстӕг+,– зӕгъы Йегъовӕ,– агурдзысты Израилы фыдракӕнд+, фӕлӕ никуы уыдзӕн, агурдзысты Иудӕйы тӕригъӕдтӕ+, фӕлӕ сӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ ӕз ныххатыр кӕндзынӕн, удӕгасӕй кӕй ныууадздзынӕн, уыдонӕн»+.
17 Хайджын уыдтӕн фарнӕй нӕ, фӕлӕ мастӕй, ӕрмӕстдӕр мастӕй+.Ӕз дын сдӕн зынаргъ ӕмӕ, кӕм бамбыдаин, уыцы дзыхъхъӕй мӕ фервӕзын кодтай+.Мӕ тӕригъӕдтӕ мын иууылдӕр ды дӕ сӕрты фӕстӕмӕ фехстай+.
7 Фыдгӕнӕг ныууадзӕд йӕ фӕндаг+, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уый ныууадзӕд йӕ фӕндтӕ+ ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ йӕм уый уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ+. Раздӕхӕд нӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ йын уый зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн+.
34 «Ӕмӕ уӕд иу иннӕмӕн ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕрӕн нал амондзӕн+ ӕмӕ йын нал дзурдзӕн: „Йегъовӕйы базон!“+, уымӕн ӕмӕ мӕ стырӕй-чысылӕй иууылдӕр зондзысты+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн»+.
20 «Уыцы бонты ӕмӕ уыцы рӕстӕг+,– зӕгъы Йегъовӕ,– агурдзысты Израилы фыдракӕнд+, фӕлӕ никуы уыдзӕн, агурдзысты Иудӕйы тӕригъӕдтӕ+, фӕлӕ сӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ ӕз ныххатыр кӕндзынӕн, удӕгасӕй кӕй ныууадздзынӕн, уыдонӕн»+.