Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 20:17
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 17 Ма бабӕлл искӕй хӕдзармӕ. Ма бабӕлл искӕй усмӕ+, нӕдӕр йӕ цагъар-нӕлгоймагмӕ ӕмӕ нӕдӕр йӕ цагъар-сылгоймагмӕ, нӕдӕр йӕ галмӕ, нӕдӕр йӕ хӕрӕгмӕ, ӕмӕ ма йӕм цы ис, уыдонӕй ӕппындӕр мацӕмӕ бабӕлл»+.

  • 1 Паддзӕхты 21:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ӕмӕ Ахав Навуфейӕн загъта: «Дӕ сӕнӕфсирдон+ мын ратт+. Мӕ хӕдзармӕ хӕстӕг у, ӕмӕ дзы мӕхицӕн цӕхӕрадон+ скӕнон. Йӕ бӕсты дын хуыздӕр сӕнӕфсирдон ратдзынӕн. Йе та дӕ кӕд фӕнды+, уӕд дын йӕ аргъ бафиддзынӕн».

  • Нееми 5:11
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 11 Уӕ хорзӕхӕй, тӕккӕ абон сын сӕ хуымтӕ+, сӕ сӕнӕфсирдӕттӕ, сӕ оливӕбӕлӕсты дыргъдӕттӕ ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ фӕстӕмӕ раттут, стӕй сӕ ӕхцайӕ, мӕнӕуӕй, ног сӕнӕй ӕмӕ сойӕ проценттӕн цы сӕдӕйӕм хай райсут, уый дӕр сын фӕстӕмӕ раттут».

  • Исай 5:8
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 8 Додой сӕ къона, йӕ хӕдзӕрттӕ чи фылдӕр кӕны+, йӕ хуымтӕм хуымтӕ чи ’фтауы! Афтид бынат дзы нал баззад+, ӕмӕ ныр уыцы зӕххыл уӕхи йеддӕмӕ ничиуал цӕры.

  • Йезекил 22:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Бӕстӕйы адӕм сӕ хинӕйдзаг фӕндтӕ ӕххӕст кӕнынц+ ӕмӕ иннӕты стигъынц+, ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕймаджы ссӕндынц+ ӕмӕ ӕрцӕуӕггагыл сайдӕй цӕуынц, йӕ хъуыддаг ын рӕстӕй не ’взарынц“+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын