Михей 7:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Ӕз Йегъовӕйы мастӕн быхсдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ разы тӕригъӕд ракодтон+ – быхсдзынӕн, цалынмӕ мын мӕ хъуыддаг нӕ равзара ӕмӕ мын раст тӕрхон нӕ рахӕсса, уӕдмӕ+. Уый мӕ рухсмӕ ракӕндзӕн, ӕмӕ йын ӕз йӕ рӕстдзинад фендзынӕн+. Лукайы 12:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Уӕвгӕ, ницы у афтӕ арф ӕмбӕхст, ӕмӕ ма раргом уа, ӕмӕ нӕй ахӕм сусӕгдзинад, ӕмӕ ма рахъӕр уа+. Ромӕгтӕм 2:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Фӕлӕ хивӕнд кӕй дӕ+ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды+, уый тыххӕй дӕхи Хуыцауы фыдӕхы хай кӕныс+. Хуыцау йӕ фыдӕх ныккалдзӕн+ йӕ судзгӕ масты бон+ – раст тӕрхон куы кӕна*, уыцы бон+. 1 Коринфӕгтӕм 4:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Уӕдӕ афонӕй раздӕр, цалынмӕ нӕ Хицау не ’рцӕуа, уӕдмӕ+, тӕрхон мацӕмӕн кӕнут+. Уый талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн+ ӕмӕ адӕмӕн сӕ зӕрдӕты фӕндтӕ раргом кӕндзӕн+. Ӕмӕ уӕд алкӕмӕн дӕр Хуыцауӕй уыдзӕн, цы кад ӕм ӕмбӕлы, уый+.
9 Ӕз Йегъовӕйы мастӕн быхсдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ разы тӕригъӕд ракодтон+ – быхсдзынӕн, цалынмӕ мын мӕ хъуыддаг нӕ равзара ӕмӕ мын раст тӕрхон нӕ рахӕсса, уӕдмӕ+. Уый мӕ рухсмӕ ракӕндзӕн, ӕмӕ йын ӕз йӕ рӕстдзинад фендзынӕн+.
5 Фӕлӕ хивӕнд кӕй дӕ+ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды+, уый тыххӕй дӕхи Хуыцауы фыдӕхы хай кӕныс+. Хуыцау йӕ фыдӕх ныккалдзӕн+ йӕ судзгӕ масты бон+ – раст тӕрхон куы кӕна*, уыцы бон+.
5 Уӕдӕ афонӕй раздӕр, цалынмӕ нӕ Хицау не ’рцӕуа, уӕдмӕ+, тӕрхон мацӕмӕн кӕнут+. Уый талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн+ ӕмӕ адӕмӕн сӕ зӕрдӕты фӕндтӕ раргом кӕндзӕн+. Ӕмӕ уӕд алкӕмӕн дӕр Хуыцауӕй уыдзӕн, цы кад ӕм ӕмбӕлы, уый+.