Исай 62:8 Библи – Ног дунейы тӕлмац 8 Йегъовӕ расомы кодта, йӕ рахиз къух+, йӕ фидар цонг хӕрдмӕ сисгӕйӕ+: «Дӕ хор дын де знӕгтӕн нал ратдзынӕн+, кӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уыцы ног сӕн+ дын ӕндӕрбӕстӕгтӕ нал нуаздзысты. Иоил 3:18 Библи – Ног дунейы тӕлмац 18 Ӕмӕ уыцы бон хӕхтӕй тӕдздзӕн адджын сӕн+, къуыбыртыл кӕлдзӕн ӕхсыр ӕмӕ Иудӕйы цӕугӕдӕттӕ донӕй байдзаг уыдзысты. Йегъовӕйы хӕдзарӕй ракӕлдзӕн суадон+ ӕмӕ Акъацибӕлӕсты дӕлвӕз донӕй ӕфсаддзӕн+. Амос 9:13 Библи – Ног дунейы тӕлмац 13 „Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕуы,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ-иу хуымгӕнӕг хуымы ӕрбаййафдзӕн хуымгӕрдӕджы+, сӕнӕфсир чи цъӕл кӕны, уый та – тауӕджы+. Адджын сӕн хӕхтӕй тӕдздзӕн+, ӕмӕ къуыбыртӕ тайдзысты+.
8 Йегъовӕ расомы кодта, йӕ рахиз къух+, йӕ фидар цонг хӕрдмӕ сисгӕйӕ+: «Дӕ хор дын де знӕгтӕн нал ратдзынӕн+, кӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уыцы ног сӕн+ дын ӕндӕрбӕстӕгтӕ нал нуаздзысты.
18 Ӕмӕ уыцы бон хӕхтӕй тӕдздзӕн адджын сӕн+, къуыбыртыл кӕлдзӕн ӕхсыр ӕмӕ Иудӕйы цӕугӕдӕттӕ донӕй байдзаг уыдзысты. Йегъовӕйы хӕдзарӕй ракӕлдзӕн суадон+ ӕмӕ Акъацибӕлӕсты дӕлвӕз донӕй ӕфсаддзӕн+.
13 „Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕуы,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ-иу хуымгӕнӕг хуымы ӕрбаййафдзӕн хуымгӕрдӕджы+, сӕнӕфсир чи цъӕл кӕны, уый та – тауӕджы+. Адджын сӕн хӕхтӕй тӕдздзӕн+, ӕмӕ къуыбыртӕ тайдзысты+.