-
Захари 1:21Библи – Ног дунейы тӕлмац
-
-
21 Ӕз ӕй бафарстон: «Цы саразинаг сты адон та?»
Ӕмӕ мын уӕд уый загъта: «Уыцы сыкъатӕ+ Иудӕйы адӕмы афтӕ ныппырх кодтой, ӕмӕ сӕ йӕ сӕрыл схӕцын дӕр никӕй бон уыд. Адон та ӕрцӕудзысты ӕмӕ адӕмты сыкъатӕ фӕтӕрсын кӕндзысты ӕмӕ сӕ ныссӕтдзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Иудӕйы зӕххы ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ йын йӕ адӕмы алырдӕм ныппырх кодтой»+.
-