4 Паддзах Йеровоам лӕууыд нывондхӕссӕны раз ӕмӕ, ӕцӕг Хуыцауы ӕрвыст лӕг Вефилы нывондхӕссӕны тыххӕй цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм къухӕй ацамыдта ӕмӕ загъта: «Ӕрцахсут ӕй!»+ Ӕмӕ йӕм куыддӕр йӕ къухӕй ацамыдта, афтӕ йӕ къух ӕвиппайды бахус, ӕмӕ йӕ йӕ бон фӕкъӕдз кӕнын дӕр нал уыд+.