Матфейы 10:2 Библи – Ног дунейы тӕлмац 2 Ӕмӕ мӕнӕ дыууадӕс апостолӕн сӕ нӕмттӕ+: фыццаг – Симон, хонынц ма йӕ Петр*+ дӕр, ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей+; Иаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанн – Зеведейы фырттӕ+; Матфейы 27:56 Библи – Ног дунейы тӕлмац 56 Семӕ уыди Марийӕ Магдалинӕ, Иаков ӕмӕ Иосийы мад Марийӕ, стӕй Иаков ӕмӕ Иоанны* мад дӕр+. Марчы 3:17 Библи – Ног дунейы тӕлмац 17 Зеведейы фырттӕ Иаков+ ӕмӕ Иоанн – уыдоны та схуыдта Воанергес, ома «арвнӕрды фырттӕ»; Марчы 10:35 Библи – Ног дунейы тӕлмац 35 Уӕд ӕм бацыдысты Зеведейы+ дыууӕ фырты, Иаков ӕмӕ Иоанн, ӕмӕ йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, курӕм дӕ, цы дын зӕгъӕм, уый нын бакӕн»+.
2 Ӕмӕ мӕнӕ дыууадӕс апостолӕн сӕ нӕмттӕ+: фыццаг – Симон, хонынц ма йӕ Петр*+ дӕр, ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей+; Иаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанн – Зеведейы фырттӕ+;
35 Уӕд ӕм бацыдысты Зеведейы+ дыууӕ фырты, Иаков ӕмӕ Иоанн, ӕмӕ йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, курӕм дӕ, цы дын зӕгъӕм, уый нын бакӕн»+.