Исай 51:4 Библи – Ног дунейы тӕлмац 4 Байхъусут мӕм, мӕ адӕм, уӕ хъус мӕм ӕрдарут, ме ’взӕрст адӕмыхатт+, уымӕн ӕмӕ мӕнӕй рацӕудзӕн закъон ӕмӕ афтӕ бакӕндзынӕн+, ӕмӕ мӕ тӕрхоны уынаффӕ адӕмтӕн уыдзӕн рухс+. Иоанны 3:19 Библи – Ног дунейы тӕлмац 19 Адӕм тӕрхонгонд та уымӕ гӕсгӕ цӕуынц, ӕмӕ дунемӕ+ ӕрцыд рухс+, фӕлӕ уыдон рухс нӕ бауарзтой – бауарзтой талынг+, уымӕн ӕмӕ кодтой фыдхъуыддӕгтӕ. Иоанны 8:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 Ӕмӕ Йесо дарддӕр ныхас кодта адӕмимӕ: «Ӕз дӕн ацы дунейӕн рухс+. Мӕ фӕдыл чи цӕуы, уый талынджы нӕ цӕудзӕн+, фӕлӕ хайджын уыдзӕн царддӕттӕг рухсӕй». Иоанны 9:5 Библи – Ног дунейы тӕлмац 5 Цалынмӕ ӕз дунейы дӕн, уӕдмӕ дунейӕн дӕн рухс»+. Иоанны 12:36 Библи – Ног дунейы тӕлмац 36 Цалынмӕ уын рухс ис, уӕдмӕ йыл ӕууӕндут, цӕмӕй рухсы хъӕбултӕ суат»+. Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд уырдыгӕй ацыд ӕмӕ сӕ йӕхи бамбӕхста. 2 Коринфӕгтӕм 6:14 Библи – Ног дунейы тӕлмац 14 Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут+, уый уӕззау* ӕфсондз у. Цы иу кӕны рӕстдзинад фыддзинадимӕ?+ Науӕд рухсӕн талынгимӕ иумӕйагӕй цы ис?+ Филиппӕгтӕм 2:15 Библи – Ног дунейы тӕлмац 15 цӕмӕй уат Хуыцауы ӕнаипп+ ӕмӕ сыгъдӕг хъӕбултӕ+, цӕмӕй уӕм ацы хӕлд ӕмӕ зыгъуыммӕ фӕлтӕры+ ’хсӕн фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа. Сымах ацы дунейы ӕрттивут рухсгӕнӕнтау+.
4 Байхъусут мӕм, мӕ адӕм, уӕ хъус мӕм ӕрдарут, ме ’взӕрст адӕмыхатт+, уымӕн ӕмӕ мӕнӕй рацӕудзӕн закъон ӕмӕ афтӕ бакӕндзынӕн+, ӕмӕ мӕ тӕрхоны уынаффӕ адӕмтӕн уыдзӕн рухс+.
19 Адӕм тӕрхонгонд та уымӕ гӕсгӕ цӕуынц, ӕмӕ дунемӕ+ ӕрцыд рухс+, фӕлӕ уыдон рухс нӕ бауарзтой – бауарзтой талынг+, уымӕн ӕмӕ кодтой фыдхъуыддӕгтӕ.
12 Ӕмӕ Йесо дарддӕр ныхас кодта адӕмимӕ: «Ӕз дӕн ацы дунейӕн рухс+. Мӕ фӕдыл чи цӕуы, уый талынджы нӕ цӕудзӕн+, фӕлӕ хайджын уыдзӕн царддӕттӕг рухсӕй».
36 Цалынмӕ уын рухс ис, уӕдмӕ йыл ӕууӕндут, цӕмӕй рухсы хъӕбултӕ суат»+. Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд уырдыгӕй ацыд ӕмӕ сӕ йӕхи бамбӕхста.
14 Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут+, уый уӕззау* ӕфсондз у. Цы иу кӕны рӕстдзинад фыддзинадимӕ?+ Науӕд рухсӕн талынгимӕ иумӕйагӕй цы ис?+
15 цӕмӕй уат Хуыцауы ӕнаипп+ ӕмӕ сыгъдӕг хъӕбултӕ+, цӕмӕй уӕм ацы хӕлд ӕмӕ зыгъуыммӕ фӕлтӕры+ ’хсӕн фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа. Сымах ацы дунейы ӕрттивут рухсгӕнӕнтау+.