Ӕмбисӕндтӕ 29:25 Библи – Ног дунейы тӕлмац 25 Адӕмӕй тӕрсын къӕппӕгӕй уӕлдай нӕу+, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уымӕн та тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн+. Исай 51:12 Библи – Ног дунейы тӕлмац 12 «Ӕз, ӕз уын мӕхӕдӕг рӕвдауын уӕ зӕрдӕтӕ+. Ау, куыд хъуамӕ тӕрсай, чи амӕлдзӕн, уыцы зӕххон адӕймагӕй+, цъӕх кӕрдӕджы бон кӕуыл акӕндзӕн, уыцы адӕймаджы фыртӕй?+ Йезекил 3:9 Библи – Ног дунейы тӕлмац 9 Дӕ ных дын скодтон алмасийы хуызӕн, ӕхсондурӕй хъӕбӕрдӕр+. Ма сӕ тӕрс+, сӕ цӕсгӕмттӕ дӕ тас ма уадзӕнт+, уымӕн ӕмӕ уыдон змӕнтӕг адӕм сты»+. Раргомад 2:10 Библи – Ног дунейы тӕлмац 10 Цы хъизӕмӕрттӕ дӕ хъӕудзӕни бавзарын+, уыдонӕй ма тӕрс. Хӕйрӕг+ сымахӕй кӕйдӕрты ахӕстоны баппардзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуат+ ӕмӕ цӕмӕй фыдӕвзарӕнты+ уат дӕс боны. Мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззай+, ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг* – цард+.
25 Адӕмӕй тӕрсын къӕппӕгӕй уӕлдай нӕу+, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уымӕн та тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн+.
12 «Ӕз, ӕз уын мӕхӕдӕг рӕвдауын уӕ зӕрдӕтӕ+. Ау, куыд хъуамӕ тӕрсай, чи амӕлдзӕн, уыцы зӕххон адӕймагӕй+, цъӕх кӕрдӕджы бон кӕуыл акӕндзӕн, уыцы адӕймаджы фыртӕй?+
9 Дӕ ных дын скодтон алмасийы хуызӕн, ӕхсондурӕй хъӕбӕрдӕр+. Ма сӕ тӕрс+, сӕ цӕсгӕмттӕ дӕ тас ма уадзӕнт+, уымӕн ӕмӕ уыдон змӕнтӕг адӕм сты»+.
10 Цы хъизӕмӕрттӕ дӕ хъӕудзӕни бавзарын+, уыдонӕй ма тӕрс. Хӕйрӕг+ сымахӕй кӕйдӕрты ахӕстоны баппардзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ фӕлвӕрд ӕрцӕуат+ ӕмӕ цӕмӕй фыдӕвзарӕнты+ уат дӕс боны. Мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззай+, ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг* – цард+.