Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Данел 7:14
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 14 Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицауы бартӕ+, кад+ ӕмӕ паддзахад+, цӕмӕй адӕмтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон се ’ппӕт дӕр уымӕн лӕггад кӕной+. Уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ хицауы бартӕ йын никуы байсдзысты, ӕмӕ йӕ паддзахад никуы ныппырх уыдзӕн+.

  • Матфейы 20:21
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 21 Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» Сылгоймаг загъта: «Дзырд мын ратт, дӕ паддзахады мӕ дыууӕ фыртӕй иу дӕ рахиз фарс кӕй ӕрбаддзӕн, иннӕ та – дӕ галиу фарс»+.

  • Матфейы 25:31
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 31 Адӕймаджы Фырт+ йе ’ппӕт зӕдтимӕ кадджын цыд куы ’ркӕна+, уӕд ӕрбаддзӕн йӕ кадджын паддзахбадӕныл+.

  • Лукайы 18:29
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 29 Йесо сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахады тыххӕй йӕ хӕдзар, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ ныййарджыты, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты чи ныууагъта+,

  • Лукайы 22:30
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 30 цӕмӕй мӕ паддзахады+ мемӕ иу фынгыл хӕрат+ ӕмӕ нуазат, ӕмӕ цӕмӕй паддзахбадӕнтыл+ ӕрбадат ӕмӕ Израилы дыууадӕс мыггагӕн тӕрхон кӕнат.

  • 1 Коринфӕгтӕм 6:2
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 2 Ӕви йӕ нӕ зонут, ӕмӕ дунейӕн+ сыгъдӕджытӕ кӕй тӕрхон кӕндзысты?+ Ӕмӕ кӕд дунейӕн тӕрхон сымах кӕндзыстут, уӕд ахӕм гыццыл хъуыддӕгтӕ+ уӕ бон нӕу равзарын?

  • Раргомад 20:4
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 4 Ӕмӕ федтон паддзахбадӕнтӕ+ ӕмӕ сыл чи сбадт, уыдоны. Ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд тӕрхон кӕныны бар+. Федтон ма, Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодтой ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй кӕй дзырдтой, уый тыххӕй сӕ сӕртӕ кӕмӕн акъуырдтой, уыдоны удтӕ дӕр, ома, нӕдӕр сырдӕн+, нӕдӕр йӕ нывӕн+ чи нӕ бакуывта ӕмӕ йӕ ныхыл ӕмӕ йӕ къухыл нысан+ сӕвӕрын чи нӕ бауагъта, уыдоны удтӕ. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ+ уыдысты мин азы.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын