Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Псалом 113:1–9
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 113 Кадджын кӕнут Йагъы!+

      Кадджын кӕнут Йегъовӕйы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ+.

      Кадджын кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ ном+.

       2 Табу Йегъовӕйы номӕн+

      Ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр+.

       3 Кад уӕд Йегъовӕйы номӕн+

      Хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ+.

       4 Йегъовӕ бады бӕрзондыл, йӕ бар цӕуы ӕппӕт адӕмтыл дӕр+.

      Йӕ кад у уӕлӕрвтӕй дӕр уӕлдӕр+.

       5 Чи у нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хуызӕн?+

      Чи у, уӕлӕрвты чи цӕры, уый хуызӕн?+

       6 Уый ӕргуыбыр кӕны, цӕмӕй ӕркӕса арв ӕмӕ зӕхмӕ+.

       7 Ӕмӕ ӕххуысхъуаг адӕймаджы зӕххӕй сисы+,

      Мӕгуыры сисы фӕныкӕй+,

       8 Цӕмӕй йӕ ӕрбадын кӕна кадджынтимӕ+,

      Йӕ адӕмы ’хсӕн кадджын чи у, уыдонимӕ+.

       9 Ӕнӕзӕнӕг сылгоймаджы йӕ хӕдзары+

      Фыртты цинӕй схайджын кӕны+.

      Кадджын кӕнут Йагъы!+

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын